Саломэ Зурабишвили – нырмæ куыд архайдтон, афтæ сæрмагондæй активонæй архайдзынæн  Гуырдзыстоны  Евроцæдисимæ æрывахсы фæндагыл
Саломэ Зурабишвили – нырмæ куыд архайдтон, афтæ сæрмагондæй активонæй архайдзынæн Гуырдзыстоны Евроцæдисимæ æрывахсы фæндагыл

Гуырдзыстоны президент, Саломэ Зурабишвили  абон  Орбелианиты  галуаны  Европга парламенты фæсарæн хъуыддæгты комитеты, æдасдзинады æмæ хъахъхъæнынады   дæлкомитеты  делегациимæ фембæлдис.

Фембæлды  Саломэ Зурабишвили  куыд банысчан кодта афтæмæй,  зæгъгæ «Ныры онг куыд  архайдта  афтæ сæрмагондæй  дарддæр кæндзæн  активон архайын Гуырдзыстоны  Евроцæдисимæ  æрыввахс кæныны фæндагыл».

Президенты администрацийы   информацийæ,   фембæлдыл  ныхас баххæссыд Украинайы  цæугæ  конфлиткмæ,  оккупацигонд Гуырдзыстоны  территоритæм,  ассоциациг8онд трио æмæ   Гуырдзыстоны  Евроцæдисы  уæнгсуæвыны  процессмæ, афтæма  националон фидыды  процессмæ.

Уыимæ  президент,  ноджы иу хатт  бахахх кодта  Гуырдзыстоны  европаг æвзæрст  æмæ банысан кодта, цææмй абон  Гуырдзыстонмæ лæвæрд уыдзæн Евроцæдисы  уæнгсуæвыны  фæдыл фарстаты  анкет, кæцы нысаниуæгджын размæ  арызт къахдзæф у  Гуырдзыстоны  Европæмæ фæндагыл.

 

Европаг делегаийы къухдариуæггæнæгы, фæсарæн хъуыддæгты комитеты, æдасдзинады æмæ хъахъхъæнынад дæлкомитеты сæрдары хæдивæг, Лукас  Мандлы  фидиуæнæй,   «Гуырдзыстон æцæгдæр европаг  бæстæ у».

Уыимæ президенты администрацийы  информацийы  куыд у абнысангонд афтæмæй, оккупацигонд Гуырдзыстоны  территоритыл ныхасы рæстæджы, президент бахахх кодта  Евроцæдисы цæстдарæг миссийы  куыст æмæ йæ  архайды ареалы  ауæрæхдæр кæныны нысаниуæг.

Уый ма  ноджы иу  хатт банысан кодта, цæмæй тыхæй æнæспайдайыл  нæзагъд у Гуырдзыстоны æнæцудгæ  уынаффæ.

 

«Мах, оккупацигонд территоритыл цæрджытæн  æнхъарæм  хæсты  нæ  фæстæ  европаг  перспективæ» –  райхъусын кодта  президент.

Президенты дзырдæй, регионы стабилондзинад баахъаз кæнынæн, ахсджиаг у  цæмæй Сау денджыз, конфронтацийы нæ фæлæ  æдасдзинады  денджыз уа.