Саломэ Зурабишвили Нана Махарадзейы æмæ Нана Малашхиайы Намысы майдантæй схорзæхджын кодта
Гуырдзыстоны президент, Саломэ Зурабишвили Гуырдзстоны хæдбарад самал кæнынæн нациналон-ссæрибагæнæн тохы хъæддых æмбæстагонд позици равдисыны æмæ æхсæнадæн патриотон æнкъарæн сбæрзонддæры тыххæй Нана Махарадзейы æмæ Гуырдзыстоны Европаг фидæны тыххæй тохы хъæддых æмæ активон æмбæстагон позицийы равдисыны тыххæй Нана Малашхиайы намысы майдантæй схорзæхджын кодта.
«Фæнды мæ дыууæ адæймагы фæхонон – Нана Махарадзейы, кæцыйы къам ахызт арæнтæй æмæ æппæт дунейы йæ базыдтой, куыд 9 апрелы цæсгом афтæ. Дыккаг Нана Малашхиайы, кæцы ссис Европаг фидæны Гуырдзыстоны цæсгом æмæ арæнтæй ахызт. Уымæй равдыстам æппæт дунейæн, цы у Гуырдзыстон, цы фæндтæ ис Гуырдзыстонмæ æмæ цы фæндтæ ис гуырдзиаг сылгоймæгтæн.
Фæнды мæ уый дæр зæгъын, цæмæй сæ схорзæхджын кæндзыстæм, фæлæ ацы хорзæх персоналон нæу, уый нывонд у 9 апрелы сылгоймæгтæн, афтæма алы уыцы сылгоймагæн, кæцытæ ацы æмæ æндæр периодты тох кодтой Гуырдзыстоны хæдбардзинадæн æмæ Гуырдзыстоны фидæнæн», – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.