Саломэ Зурабишвили-  нæ  зонын, цас бон ма мын баззад президенты рангы, фæлæ мæнæн аргъджын уыдзæн, Нико Кварацхелиайы мадæн хорзæх алæвæрд фæстаг хорзæхджынкæнын уа  мæнæн
Саломэ Зурабишвили- нæ зонын, цас бон ма мын баззад президенты рангы, фæлæ мæнæн аргъджын уыдзæн, Нико Кварацхелиайы мадæн хорзæх алæвæрд фæстаг хорзæхджынкæнын уа мæнæн

Нæ зонын, куыд президентæн цал бон ма мын баззадис, фæлæ мæнæн аргъджын уыдзæн, цæмæй Нико Кварацхелиайы мадæн хорзæх алæвæрд  мæнæн,  хорзæхджынкæныны фæстаг  цау  уа, –  уый фæдыл  Гуырдзыстон  президент Саломэ Зурабишвили  Орбелианиты  кæнты  райхъусын кодта, цы ран Нико  Кварацхелиайы, фæсмæрдонæй  Намысы  Майданæй  схорзæхджын ис.

Саломэ Зурабишвили  куыд банысан кодта афтæмæй,  абон символон  æмæ нысаниуæгджын бон у.

«нæ  зонын цас  бон ма мын баззад  президенты рангы, фæлæ мæнæн   аргъджын уыдзæн, куыд фæндыдæр фæуæд ай æппæт,  абон уа   хорзæх алæвæрды фæстаг  цау,  ахæм нысаниуæгджын  адæймагæн, фæтма  фæлтæрæн.   Бæрæг у, ацы  бон  уыцы æвзонг ном ссардзыстæм, кæцы тынг цыбыр рæстæджы бирæ  бафæрæзта  æмæ тынг бирæ  ныууагъдта йæ  хæлæрттæн, бинонтæн æмæ йæ фæлтæрæн.  Ахæм  цæвиттонтæ сты уый  цæмæй дæр мах  рæзæм, цæмæй дæр цæры  æхсæнад. Сегасдæр зын та, абон  нын у  уый ауынын хъомад, ома æхсæнад у  цæрынхъом.  Парадокс у, фæлæ  хатт мæлæтимæ  разыны  егъау цæрынхъомад. Нæ бæстæйы истори  дæр  æвæццæгæн уый мидæг ис, ома сеппæтæй  стыр  трагедитæй  райдайы ног этап, ног тых, ног энерги.  Афтæ куыннæ  уаид уæд  ам нæ уыдаиккам  абоны онг.  Абон æцæгдæр трагедий у  Нико Кварацхелиайы бинонтæн æмæ хæлæрттæн фæлæ  ацы  трагедийы  иннæрдгæй, мæ  фæнды ауынон уыцы  ног фæлтæр, кæцы  рацæуы, кæцымæ алцыппæт ис, кæм фæнды дæр уæнт.

Зонæм цæймæ  фæсчарæнты хъомыл кодта, уым сахуыр ис,  уыдис бирæ бæстæты æмæ ахæм у абоны   реалондзинад, ома ничи лæууы  иу ран, куыннæ фезмæла  æмæ   ма фена  дуне  афтæ.   Уымæй стæм абоны дунейы   хай.   Æхгдæй  лæууын никуы  уыдис  махæн æрдæмæдзæугæ   нæ  нæдæр уыдзæн.  Стыр ныфс мæ ис,  ацы  æвзонгтæ  уæддæр  банымайдзысты, цæмæй  ацы бæстæ сæхи бæстæ у  æмæ ам ис перспективæ  уыдонæн, цæмæй  сæ къух ма  ауигъой æмæ ма  хъуыды кæной, ома  æрмæстдæр фæсарæнты  хъуамæ бацагурой   ног перспективæ. Уый мах, ам чи стæм æмæ бæрн кæуыл ис æвæрд, мах  саразинаг  у, цæмæй  фæстæмæ та   феной  ацы  бæстæйы  хæъуы  йæхи фæсивæд,  куырдиатджын æвзонгтæ, ахæмтæ, кæцытæ дардмæ  кæсынц æмæ уынынц, цæмæй дуне ногы æрдæм ивы æмæ уый æмбаргæ дæр кæнынц.  Йæ цард  хъыгагæн тынг  тагъд фæцис  æмæ мах  алкæмæн  та ныууагъта саразынæн», –   райхъусын кодта президент.