Саломэ Зурабишвили МХ министрадмæ æмæ æнæхицауадонтæм сиды, йæ бинонты æрдæм сæххæст æртъхъирæны реагирдзинад равдисынмæ
«Бæстæйæн у тынг æфхæрæг, кæцыдæриддæр гоймæгтæ сылгоймæгтæм æмæ йæ сывæллæттæм кæй æртъхъирæнтæ кæнынц уый, манипуляци куы кæнынц æфсæддон тыхы номæй, кæцы сæрмагондæй мæнæн у гуырдзиаг æхсардзинады æмæ иузæрдыгдзинады символ» – райхъусын кодта Гуырдзыстоны президенттæм хæдбар кандидат Саломэ Зурабишвили кæцы банысан кодта цæмæй зæгъгæ «Националон Змæлдимæ» баст уæнгтæ йæм, уымæ æмæ йæ хъæбултæм æртъхъирæн кæнынц физикъон скуынæгæй.
Саломэ Зурабишвилийы аргълæвæрдæй, идентон текстытæ социалон хызæгты амонынц уый, æмæ æртъхъирæнтæ, кæцыты æндæр æмæ æндæр уæнгтæ æрвитынц, фактонæй фыст сты иу коллективон планæй.
«Ацы архæйдтæй арызт æрцыд ноджы иу къахдзæф, цæмæй бæстæйы уавæр фæкарз уа æмæ сцырын уа фыдзæрдæдзинады атмосферæ, кæцыйы æрвылбойнонæй хайад истой æмæ исынц иу конкретон политикон тыхы мидæггаг æмæ æддаг политикъон лидертæ, телеакæнджытæ æмæ сæ фарсхæцджытæ» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый ныридæгæн баздæхтис мидхъуыддæгты министрадмæ æмæ æмбæлон уагдæттæм, цæмæй ацы æртъхъирæнтыл æмбæлон реагирдзинад сырæза.
«СИдын мидхъуыддæгты министрадмæ æмæ алы æндæр æмбæлон уагдонмæ, цæмæй æнæаргъæвгæйæ среагир кæной фæнысангонд факттыл, цæмæй афоныл превенци скæной алы хъавд, кæцы здæхт уыдзæн дестабилизаци æмæ змæстыты сцырын кæныны æрдæм. Уымæй дарддæр ма сидын æхсæнадон æмæ æнæхицауадон организацитæм, кæцытæ хæсджын сты, паддзахадон уагдæттимæ иумæ, хъахъхъæной сабырадон разæвзарæнон уавæр» – дзуры Зурабишвили.
Гуырдзыстоны президенттæм хæдбар кандидат Саломэ Зурабишвили, хъусын кæны, цæмæй йæм йæхимæ æмæ йæ хъæбултæм æртъхъирæн кæнынц.