Саломэ Зурабишвили  Майк Помпеойæн -  сабыр, стабилон æмæ  демократон Кавказ   æнæмæнгхъæугæ у нæ регион æмæ æппæт дунейæн
Саломэ Зурабишвили Майк Помпеойæн - сабыр, стабилон æмæ демократон Кавказ æнæмæнгхъæугæ у нæ регион æмæ æппæт дунейæн

Сабыр, стабилон æмæ  демократон  Кавказ  æнæмæнгхъæугæ  у нæ  регион æмæ æппæт Дунейæн –  ацы  фидиуæн   Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили  АИШ-ы   паддзахадон нымæрдар   Майк Помпеоимæ  фембæлды рæстæджы сарызта.

Гуырдзыстоны преизденты  пресс-куысты   информацийæ,   Саломэ Зурабишвили  банысан кодта, цæмæй  официалон   турнэйы  фæлгæтты  АИШ-ы   паддзахадон нымæрдары  нæ  бæстæмæ  визит  ноджы иу  хатт бæлвырд  кæны  Гуырдзыстоны, Кавказы æмæ  Сау Ленджызы  нысаниуæг   Америкæйæн.

«Ацы  нысаниуæг райрæзтис  регионы сырæзт ног  уавæры  фоныл. Сабырдзинадæн альтернативæ нæй, æрмæст  регионы экономикон  æмæ политикон   рæзынад у нæ иумæйаг интерес.  Гуырдзыстон  ацы интерес хъахъхъæнынæн Америкæйæн   у  аккаг  партнер  æмæ   æууæнкджын  æнцой регионы», –  хаххгондæй  банысан   кодта  Саломэ Зурабишвили.

Президенты  проесс-куысты  хъусинагæй,  Саломэ Зурабишвили   Америкæйы  паддзахадон  нымæрдарæн раарфæ кодта  Гуырдзыстоны  суверенитет æмæ  территорион æнæхъæндзинадæн   фидар  æххуысы  тыххæй æмæ банысан кодта, цæмæй   сабырадон фæндагæй деоккупацийæн альтернативæ  нæй.  Уый  тыххæй  хъæуы эффективон бадзырдтæ, Женевæйы форматы  фæтыхджын кæнын æмæ  алы  æндæр  гæнæн  форматæй  спайда кæнын.

Президент банысан кодта,  цæмæй  дыууæ бæстæйы  æхсæн хæлардзинад, кæцы  æртæ дæсой  аз  нымайы,  никуы  уыдис гуырысхойаг, уымæн æмæ æнцойæвæрд у  иумæйаг  хæзнатыл,-  демократийы,   закъоны сæйрагдзинадыл æмæ сегасдæр сæйраг –  сæрибардзинадыл.

Майк Помпеоимæ фембæлдыл   президент ныфс  разагъта,  цæмæй   Гуырдзыстон æмæ  АИШ-ы  æхсæн   уæвæг æмгуыстад  ног къæпхæнмæ схиздзæн æмæ райдайдзæн  бадзырдтæ  сæрибар базарады  фæдыл.

АИШ-ы паддзахадон нымæдар Майк Помпео фембæлд  Гуырдзыстоны  президент Саломэ Зурабишвилиимæ.  Фембæлд ацыд   президенты  администрацийы.

Майк Помпео  Гуырдзыстонмæ  дыууæбонон визитæй   знон æрцыд. АИШ-ы паддзахадон  нымæрдары визит Гуырдзыстонмæ, абон фæуыдзæн  æмæ Уый фæстæ араст уыдзæн Израилмæ.