Саломэ Зурабишвили – Мæ контакттæй пайдакæнынæй  æмæ визиттæй   активонæй  кусын  æхсæнадæмон картæ æмæ партнерты хъуыдытæм Гуырдзыстон æрыздахынæн
Саломэ Зурабишвили – Мæ контакттæй пайдакæнынæй æмæ визиттæй активонæй кусын æхсæнадæмон картæ æмæ партнерты хъуыдытæм Гуырдзыстон æрыздахынæн

Куы сывзæрстой,  уый фæстæ,   мæ  контакттæй  пайда кнынæй  æмæ визиттæй   активонæй   кусын æхсæнадæмон картæйыл  æмæ  партнерты хъуыдытæм Гуырдзыстон æрыздахынæн, цæмæй  Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады фæдыл уæвæг формалон декларацитæй  дарддæр ахизæм – ацы фидиуæн  Гуырдызстоны президент  Маккейны институты  æмæ  экономикон политика  иртасаг  центры  организацигондæй, Тбилисы  цæугæ æрвылазон  æхсæнадæмон  конференцийы  хайадисджытæн фысым кæныны рæстæджы  сарызта.

Саломэ Зурабишвили  ноджы иу  хатт  фæныхас кодта ног, эффективон  форматы æнæмæнгхъæуындзинадыл, кæцы конфликты  сабырадонæй   аскуыддзагы   фылдæр активон  механизмтæ  бакусдзæн, уымæн æмæ   президенты  фидиуæнæй,   Женевæйы   æхсæнадæмон бадзырдтæ  салд сты, инцидентты маруадзыны  механизмтæ  та  стæмты вæййы æнтыстджын  техникон фарстаты  аскуыддзагы.

«Дæнцæн, цæмæн нæй  гæнæн уа АИШ-æн  кæнæ Евроцæдисæн  минæвар   Гуырдзыстоны  конфликты фарстаты, афтæ куыд   ис Украинайы  цауы.   Мах хъуамæ агуриккам  фæндæгтæ  каддæр формалон  платформæ саразынæн, цæмæй   сæндидзын кæнæм æууæнк  æмæ æнæмæнгхъæугæ  тыгъдад  прогрессæн.

Сæйраг у, спайда дзы кæнæм  алы  амæлттæй,  саразæм динамикæ æмæ   ногæй сæвзæрын кæнæм перспективæ, цæмæй   ма руадзæм, уый  цæмæй Украинайы   ног конфликт   бамбæрза, æмæ каддæр актуалон скæна  æмæ бæрæг хайæ  боны фæткæй  сыппара   Гуырдзыстоны  фарста.   Фæлæ  эффектджын дипломати  фидар æмæ рационалон бындурыл хъуамæ  уа  æнцойæвæрд, кæцы уый нысан кæны, цæмæй  фылдæр   хъуамæ саразæм  нæ бæстæ фæтыхджындæр кæнынæн», –  банысан кодта Саломэ Зурабишвили  сæрмагонд раныхасы.