Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили 5 марты кусæн визитæй АИШ-æм ацæудзæн æмæ Нью-Йоркы экономикон æмæ социалон советы сылгоймæгты статусы фæдыл комиссийы 67-æм сессийы райсдзæн хайад. Информаци президенты администраци хъусын кæны.
6 марты Гуырдзыстоны президент дзырдæй ралæудзæн ИНО-йы уæнг бæстæты минæвæртты раз, кæцытæ ИНО-йы экнмоикон æмæ социалон советы сылгоймæгты статусы фæдыл сессийы фæлгæтты сылгоймæгты æмæ чызджыты стынг кæныны фæдыл, инновацитыл, технологион ивддзинæдтыл æмæ цифрон эпохæйы ахуырады фарстатыл фæуынаффæ кæндзысты.
Нью-Йоркмæ кусæн визиты фæлгæтты плангонд у Гуырдзыстоны преизденты фембæлдтæ ИНО-йы генералон нымæрдаримæ, Антонио Гуттиерешимæ, ИНО-йы генералон нымæрдары хæдивæгимæ, Амина Мохамедимæ, Ино-йы сылгоймæгты организацийы æххæстгæнæг директоримæ, Сима Сами Бахусимæ, ИНО-йы рæзынады программæйы администраттор, Ахим Штайнеримæ.
Уый æддæмæ ма, Гуырдзыстоны президент дыууæфарсон фембæлдтæ ауадздзæн формуиы хайадисæг бæстæты президенттимæ æмæ Нью Йоркы мэримæ Эрик Адамсимæ.
Плангонд у Гуырдзыстоны президенты визит Ийелы æмæ Гарварды университеттæм, цы ран Джон Кенедийы номыл хицауадон скъолайы, Гуырдзыстоны президент лекци æхсæнадон ауадздзæн.
Саломэ Зурабишвили Нью-Йоркы Гарварды клубмæ дæр фæуазæг уыдзæн, цы ран клубы уæнгтимæ, рпегионы сырæзт уавæры æмæ геополитикон уавæрыл фæуынафæ кæндзысты.
АИШ-æм кусæм визиты фæлгæтты, Гуырдзыстоны президент АИШ-ы гуырдзиаг диаспорæйы минæвæрттимæ дæр фембæлдзæн.
Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны президенты администраци.