Саломэ Зурабишвили Куадзæны бæрæгбонмæ, 42 ахæстæн ныххатыр кодта
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Куадзæны бæрæгбонмæ, 42 ахæстæн ныххатыр кодта.
Президенты администрацийы хистæр Лаша Жваниа куыд райхъусын кодта афтæмæй, президент Гуырдзыстоны конституцийæ лæвæрд дискрецийы фæлгæтты, ныххатыр кодта 19 ахстгондæн.
Президент кæмæн ныххатыр кодта уыцы ахæсттæй дыууæ сты сылгоймæгтæ, кæцытæ пенитенцион уагдонæй абон рацæудзысты.
« Гуырдзыстоны президент афтæдæр ныххатыр кодта 23 бадзырдон æфхæрд кæмæн уыд, уыдонæй дыууæ сылгоймæгтæ. Ныххатыргæндтæй 21 сæ æфхæрдæй бынтон ссæрибар сты, бадзырдоны нымад ахстæй фæдылдзог статийæ. Сæ нымæцы æртæ бадзрдон ахæстæн ныххатыр кæндзысты пост бацахсыны æмæ куысты бар байстæй, æрмæст дыууæ азæстæн æкъаддæр ис бадзырдон æфхæрды æмгъуыд» – райхъусын кодта Жваниа.