Саломэ Зурабишвили - Кипр кæддæриддæр уыд гуырдзиæгтæн фыццаджы дæр, Сыгъдæг Зæххмæ фæндаг, кæцы нын абон дæтты ног фадат, туризм æмæ базарад рапарахат кæнынæн
«Стратегион равæрд, егъау экономикъон потенциал æмæ къахдзæфтæ, кæцытæ æвæрд цæуынц экономикъæйы райтынгы æрдæм, бадзырд кæнынц нæ абсолютонæй реалистикъон амбици, суæм регионалон центрæй», – райхъусын кодта Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили гуырдзиаг-кипраг бизнес-форумыл Тбилисы.
«Абон фысым кæнæм фыццаг гуырдзиаг-кипраг бизнес-форумæн, кæцы у ноджы иу къахдзæф нæ бæстæты базарадон-экономикъон цæдисты фæфидардæр кæнынæн. Гуырдзыстон лæууы европæйаг фæндагыл, æмæ уый тыххæй Кипримæ иумæ, кæцы у Евроцæдисы уæнг, партнерад фæфидар кæнын у нæ приоритет. Арф æмæ æппæтылæххæссæг сæрибар базарады фæдыл бадзырды бындурыл, Евроцæдис нын ратта сегасæй хуыздæр фадат фегом кæнæм дуар нæ экономикъон потенциалæн иууыл сæйрагдæр нысанæн – Евроцæдисы уæнгæй суæвынæн. Ацы бадзырдæй ноджы фылдæр уæрæздæр кæны фæндаг Гуырдзыстон-Кипры экономикон ахастытæн», – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, базарадон бадзырд у иуæй-иу сæйраг документтæй, кæцытæ фидардæр кæнынц экономикъон ахастытæ Гуырдзыстоны æмæ Кипры æхсæн.
«Ныфс мæ ис, цæмæй форум сæвзæрын кæндзæн реалон бындур, нæ партнерад фæфидардæр кæнынæн. Европæйы, Сау Денджызы æмæ Кавказаг транспортон-логистикон кæлидормæ интересы рæзын, махæн у ног перспективæ æмæ фидар кæны физикъон бастдзинад Сау Денджызы дыууæ донбылы æхсæн. Стратегион равæрд, егъау эконмикъон потенциал æмæ къахдзæфтæ кæцытæ æвæрд цæуынц экономикъæйы райтынгы æрдæм, бадзырд кæнынц нæ абсолютонæй реалистикъон амбици, суæм регионалон центрæй. Уый тыххæй дæр, мах ноджы фылдæр бабыхсдзыстæм нырыккон транспортон-логистикон инфраструктурæ райтынг кæнын», – райхъусын кодта Гуырдзыстоны президент.
Саломэ Зурабишвилийы ныхæстæм гæсгæ, æхсæнадæмон донорты æмæ партнерты æххуысы руаджы, Гуырдзыстоны сæххæст уыдзысты егъау инфраструктурон проекттæ. Æнæмæнгхъæугæ у афтæдæр куыст Гуырдзыстонæй Кипрмæ экспорты гуырахст райрæзын кæнынæн æмæ ныридæгæн зæгъгæ ис цалдæр хæрхъæд продукт, кæцыты Кипрмæ экспорт, пайдаджын уыдзæн дыууæдæр бæстæйæн.
«Сау Денджызæн уыдис историкъонæй егъаунысаниуæгджын роль нæ ахастыты. Кипр кæддæриддæр уыд гуырдзиæгтæн фыццаджы дæр, Сыгъдæг Зæххмæ фæндаг. Ацы фæндаг нын абон гом кæны ног фадат, туризм æмæ базарад рапарахат кæнынæн æмæ уымæн ис реалон бындур. Денджыз – махæн сеппæтæй хуыздæр æмцæдисон у. Ныфс мæ ис цæмæй ацы форум нын ратдзæн фадат, нæ бизнес-цæдисты рапарахат кæнынæн фылдæр фæндæгтæ рацагурæм», – бафтыдта ма Саломэ Зурабишвили.