Саломэ Зурабишвили хъусын кæныц, цæмæй зæгъгæ Квемо Картлиы регионы, гуырдзиагæвзагон рæвдауæндæттæ хъуамæ байгом уа
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили хъусын кæныц, цæмæй зæгъгæ Квемо Картлиы регионы, гуырдзиагæвзагон рæвдауæндæттæ хъуамæ байгом уа.
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Марнеулы, Зураб Жваниайы номыл паддзахадон администрирдзинады скъолайы регинон центрмæ фæуазæг ис.
«Мæнæн егъауприоритеон у ацы регионы гуырдзиаг æвзаг. Бавдыстон фарста, цæмæй бирæ рæвдауæндон байгом уыдзæн æмæ ацы рæвдауæндæттæ хъуамæ уа гуырдзиагæвзагон, уымæн æмæ гуырдзиаг æвзагы ахуыр рæвдауæндоны карæй у амы цæрджыты æркуырд.Алчи хорз æмбары, цæмæй æнтысты æмæ интеграцийы фæндаг у æвзагзонынад. Ацы регионы потенциал уый у, ам цы ис, æмцард равзæрдæй азербайджайнаг æмæ сомихаг æмбæстæгты æхсæн. Сæ иумæ уæвын, иумæ ахуыр, уыцы рæстæджы, ацы бæстæты æхсæн конфликтон ситуаци куы ис, уый у стыр æнтыст Гуырдзыстонæн, нæ толерантондзинадæн» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили администрирдзинады скъолайы регионон центрмæ уазæгуат уæвыны фæстæ.
Гуырдзыстоны президент Саомэ Зурабишвили абон Марнеулы уыд. Саломэ Зурабишвили Зураб Жваниайы номыл паддзахадон администрирдзинады скъолайы регонон центрмæ æмæ Тамарисийы æхсæнадон скъоламæ фæуазæг ис æмæ скъолайы ахуыргæнинæгтимæ æмæ ахуыргæнджытимæ фембæлд.