Гуырдзыстоны президент хæсты ветерантæн раарфæ кодта ветеранты бон.
Саломе Зурабишвили «Фейсбукы» сæрмагонд фарсыл куыд фыссы, афтæмæй, зæгъгæ паддзахад æфсадмæ цы ахаст дары, уый фыццаджы дæр фæбæрæг вæйы ветеранты цæрæн уавæртæй.
«Паддзахадæй уымæй вæййы аргъ, кæд æмæ сæрмагонд æфсадмæ зилы æмæ йын цыт кæны. Æфсадмæ ахаст та фыццаджы дæр бæрæг у ветерантæн паддзахад цахæм цæрæн уавæртæ сарызта, æмæ сын æхсæнады раз куыд аргъ кæны уымæй. Арфæ уын кæнын ветеранты бон», – фыссы Саломэ Зурабишвили.
Гуырдзыстоны ветеранты бон банысан кæнынц 2014 азæй. 1995 азы 17 октябры, Гуырдзыстоны парламент райста закъон, «хæсты æмæ æфсæддон тыхты ветеранты фæдыл», кæцы фæстæдæр ветераны бон снысан кæныны бындурæй ссис.