Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Украинайæн Хæдбарады боны фæдыл арфæ кæны.
Зурабишвили куыд банысан кодта афтæмæй, украинаг адæм æнæхъæн Дунейы равдыста æхсарджын тох сæрибардзинад æмæ хæдбарадæн.
«Хæдбарады боны фæдыл уын афрæ кæнын Украина. Украинаг адæм æнæхъæн дунейæн равдыстой аккаг тох сæрибардзинад æмæ хæдбардзинадæн. Гуырдзыстон æмæ Украина сты хæстæг, æфсымæрон адæм, æмæ сæ хæст дæр иу у. Зонæм хæдбарады аргъ æмæ кæддæриддæр иумæ лæудзыстæм», – фыссы Саломэ Зурабишвили «Твиттеры».