Саломэ Зурабишвили, кампани «Нæ хъæлæс Европæмæ» фæлгæтты, Евроцæдисы бæстæты цæрæг  гуырдзиаг диаспорæйы  минæвæрттимæ телехид ауагъдта
Саломэ Зурабишвили, кампани «Нæ хъæлæс Европæмæ» фæлгæтты, Евроцæдисы бæстæты цæрæг гуырдзиаг диаспорæйы минæвæрттимæ телехид ауагъдта

 

Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили   европаг   кампанийы –  «Нæ хъæлæс Европæмæ» фæлгæтты  Евроцæдисы  бæстæты цæрæг  гуырдзиаг диаспорæйы минæвæрттимæ  телехиды  фæрцы  фембæлд ауагъдта.

Президенты пресскуысты  информацийæ,  фембæлд  Гуырдзыстоны  президенты  администрацийы  хистæр, Натиа  Сулава  байгом кодта æмæ   фæсарæнты  40-æй фылдæр  горæты цæрæг гуырдзиаг  диаспорæйы  мнæвæрттимæ  фембæлды  хайады  æмæ евроинтеграцийы процессы  бастдзинады  тыххæй раарфæ кодта.

Гуырдзыстоны  президент  куыд райхъусын кодта афтæмæй, къухфыстыты  европаг  кампани  алы  гуырдзиагы кампани  у, Европæ кæй фæнды уыдоны.

13 декабры, дыууæ- æртæ  бонмæ  ардæм  æрбацæудзæн дипломативон корпусы  алы  минæвар Евроцæдисы  бæстæтæй, кæцытæ Гуырдзыстоны  фæдыл 14-ы  кæнæ 15-ы  сæйраг уынаффæ хъуамæ рахæссой æмæ сын æз  [ацы кампанийы фæлгæтты] бамбырдгонд  къухфыстытыæ  адæтдзынæн, адæтдзынæн сын нæ хъæлæс, æхсæнады хъæлæс, уый нымæцы  уæ хъæлæс дæр. цæмæй  уыдон дæр феной,  цæмæй уыцы эмиграци, кæцы абон сæ бæтстæты цæры куыд фæсарæйнаг  кæнæ  сæ бæстæйы æмбæстаг, уыдон дæр   иугонд сты  ацы æппæтон  кампанийы. Æнхъæл дæн  ацы мадзалы, афтæдæр уыдзысты  (æмæ уый у  æрвитæггаг)  куыд фæнды дæр уæд, уый ныфс мæ ис, уымæн æмæ хуынд сты Гуырдзыстоны  хицауады  минæвæрттæ иууылдæр, абоны, зноны æмæ  æндæрæбоны: премьертæ æмæ фæсарæн хъуыддæгты министртæ, кæцытæ   хайад истой  Гуырдзыстоны  Европæйы æрдæм  цыды.  уый у уыцы консенссус, уыцы деполяризаци æмæ уыцы  иудзинад, кæцы нæ хъæуы, цæмæй нæ европаг  фæндаг æнтыстджын уа», –  райхъусын кодта  президент.