Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Эстонийы президент Алар Карисимæ фембæлдис.
Фæнысангонды фæдыл Саломэ Зурабишвили ныффыста социалон хызагы.
«Евроцæдисы кандидаты статусы æрдæм ацы скуыддзаггæнæг фæндагыл æз ауагъдтон нысаниуæгджын фембæлд Эстонийы президентимæ Алар Карисимæ, Гуырдзыстоны рагон хæларимæ æмæ партнеримæ. Эстонийы æнæцудгæ фарсхæцын цæрынæн ахсджиаг у Гуырдзыстонæн» -фыссы Саломэ Зурабишвили.
Алар Карисы фидиуæнæй, Эстони йæ фарс дары Гуырдзыстонæн Евроатлантикон фæндагыл.
«Диссаджы фембæлд мын уыд Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ. Эстони хъæддых йæ фарс дары Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ евроатлантикон интеграцийы. Йе фарсхæцæг стæм Гуырдзыстоны æнтыстæн йæ евроатлантикон фæндагыл»- фыссы Карис.