Саломэ Зурабишвили- эмигранттæм сиды, спайда кæной закъонæй, кæцыйы фæрцы Гуырдзыстоны æмбæстагдзинад фенцондæргонд процедурæйæ химæ ныууадзын ис гæнæн
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили гуырдзиаг эмигранттæм æрсидтис спайда кæной закъонæй, кæцыйы фæрцы сæм уыдзæн фадат бæстæйы æмбæстагдзинад фæенцондæргонд процедурæйæ ныууадзой сæхимæ.
Уый фæдыл Гуырдызстоны президент «Фейсбукы» фарсыл фыссы.
«15 августы онг архайы закъон, кæцыйы фæрцы Гуырдзиаг эмигранттæн ис фадат нæ бæстæйы æмбæстагдзинад фенцондæргонд процекдурæйæ ныууадзой сæхимæ. Ацы инициативæ цалдæр азы размæ райдыдтон, мæнæ стратегионæй нысаниуæгджын у, алкæцы æмбæстагы æнхимæ æруадзын æмæ райгонддæн цæмæй Гуырдзыстоны мингай æмбæстаг спайда кодтой ацы шансæй. Сæрмагондæй мæ фæнды ракурон уыцы гуырдзиаг мигранттæн, чидæриддæр сæрды бонтæ Гуырдзыстоны æрвитынц, цæмæй сæм кæд фæстаг рæстæджы æндæр бæстæйы æмбæстагдзинад райстат, æнæмæнгæй рацагурут рæстæг æмæ басидут юстицийы хæдзармæ. Алчи хъуамæ спайда кæна ацы шансæй» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.