Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Израилы президентимæ фембæлд.
Уый фæдыл информаци фæзындис Гуырдзыстоны президенты «Твиттеры» официалон фарсыл.
«Мæнæн стыр кад у абон Израилы президент Рувен Ривлин нын кæй фысым кæны, Йерусалемы. Æдадсзинад, базарад, инвестицитæ, технологитæ, культурæ – алы фарста ис нæ боны фæткъы, цæмæй ноджы фæарфдæр кæнæм æнæуый дæр хæстæг æмæ историон цæдистæ»,- дзырдæуы Гуырдзыстоны президенты «Твиттеры» официалон микроблогы публикацигонд информацийы.
Фæстæдæр Гуырдзыстоны президент, Израилы президенты резиденцийы уазджыты чиныджы ныффыст ныууагъдта.
«Гуырдзыстоны æмæ Израилы æхсæн æнæ æрмæст арф æмæ хæстæг ахастытæ ис, фæлæ ма – историон дæр. Рацæугæ 26 æгнусы, æрфидар кодтой бастдзинад гуырдзиаг æмæ дзуттаг адæмты æхсæн», – банысангонд у Гуырдзыстоны президенты администрацийы æрдгæй, «Твиттеры» ахæлиугонд информацийы.