Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилийы фидиуæнæй, бæстæ историйы скуыддзаггæнæг моменты ис æмæ уый алчи хъуамæ бамбара.
Саломэ Зурабишвили хъусдард раздæхта Европаг Советы рабадты онг бæстæйы интерестæ бахъахъхъæныныл.
«Стæмты вæйы нацийы историйы ахæм скуыддзаггæнæг момент æмæ стæмты иу ис гæнæн рагафон зонай, цæмæй ацы бонтæ сты скуыддзаггæнæг. Мах стæм скуыддзаггæнæг моменты нæ историйы æмæ вæццæгæн алчи хъуамæ бамбарæт уый. Æз ме рдгæй алы амæлттæй архайын, цæмæй ацы фæстаг бонтæй спайда кæнæм максималонæй нæ интерестæ размæ рахæцынæн. Раззаг къуырийы куыд райхъусын кодтой афтæмæй, æрвитæм фыстæджытæ мæ алы коллегæтæм, цæмæй нæ интерестæ бахъахъхъæнæм æмæ скуыддзаггæнæг Европаг Советы рабадты размæ. Алчи хъуамæ нæ зæрдыл бадарæм уый, цæмæй цас нысаниуæгджын у ацы къуыри Гуырдзыстонæн, йæ Европаг фидæнæн. Федтам Европаг Комиссийы рекомендаци, кæцы амоны Европаг Советæн, цæмæй нын раттой Европаг перспективæ, кæцы стыр цыдæр у, кæцымæ бæллын дæр вæццæгæн нæ ныфс дæр нæ бахастаиккам цъус рæстæг размæ. Нырма нын кандидаты статус нæ дæтты, фæлæ дæтты уый ныфс, кæд мах ацы реформæтæ æмæ уыцы къахдзæфтæ сараздзыстæм, кæцытæй хæсджын стæм. Фæнды мæ алкæмæй уæ ракурон, цæмæй ацы бонты саразæм алцыппæт цы нæ бон у, цæмæй нæхи равдисæм куыд намысджын Европаг бæстæ», – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.
Уыимæ ма, Саломэ Зурабишвили басидтис æмбæстæгтæм, кæцытæ хъавынц абон акцимæ рацæуын æмæ сæм сабырдзинадмæ æрсидтис.
«Зонæм, цы нæ хъæуы æмæ цахæм Гуырдзыстон нæ фæнды, ай у цы хъуамæ равдисæм уый. Фæнды мæ ракурон алкæмæ, цæмæй мачи æрбацæуæд цыдæр эксцессты тыххæй æмæ сидын барадхъахъхъæнджытæм, цæмæй алы амæлттæй бацархайæт сабырдзинад бахъхъæнын, уымæн æмæ ацы сабыр кадртæ уыдзысты, Европæйы алы экрантыл цы равдисдзысты, уыймæ иуæй-иу рухс хай уыцы уынаффæты, кæцыты рахæссын хъæуы»,- банысан кодта Саломэ Зурабишвили.