Саломэ Зурабишвили ИНО-йы генералон ассамблейы 74-æм сессийы мадзалмæ абонæй баиу уыдзæн
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Нью-Йоркы, Ино-йы генералон ассамблейы 74-æм сессийы мадзалмæ абонæй баиу уыдзæн.
Саломэ Зурабишвили, нырид, АИШ-ы уæвы. ИНО-йы трибунæйæ уый дунейы раз, æртыццæджы 25-æм сентябры ралæудзæн. Генералон дебатты рæстæджы Гуырдзыстоны президент дуней 200-ы онг бæстæйы лидермæ баздæхдзæн. Генералон дебатты рæстæджы Саломэ Зурабишвилийы дзырдæй ралæуд Тбилисы рæстæгæй 20:00-æй – 21:00 сахаты онг афонмæ у плангонд.
Уæдмæ та Гуырдзыстоны преиздент фембæлд сараздзæн фæсарæйнаг коллегæтимæ. Дзырдæй ралæудзæн сессийы сæйраг саммиттыл æмæ бæрзонд æмвæзады фембæлдтыл.Сæ нымæцы фыццаг уыдзæн абонмæ плангонд универсалон æнæнизхъахъхъæды фебæлд, кæцы уагъд у дунейы æппæтадæмон æнæнизхъахъхъæд ифтонгады нысанæй.
Гуырдзыстоны президент ИНО-йы генералон ассамблейы сессийы хайадисджытæн скад кæнынæн, Дональд Трампы æмæ фыццаг ледийы номæй, уагъд официалон райстыл уыдзæн.