Саломэ Зурабишвили - Инаугурацийы фæстæ райдадзæн нæ политикон царды ног сыф, кæцымæ дæр цæттæ дæн
Инаугурацийы фæстæ президент бацæудзæн йæ галуанмæ æмæ райдайдзæн кусын дзыллæйæн, дзыллæ хъуамæ сиу кæнæм – уый фæдыл Гуырдызстоны æвзæрст президент Саломэ Зурабишвили журналисттæн загъта.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, президенты инаугурацийы фæстæ, Гуырдзыстоны политиуон царды рафæлдæхдзæн ног сыф.
«Инаугурацийы фæстæ райдайы нæ паддзахады, политикон царды ног сыф. Æз алцыппæтмæ цæттæ дæн. Мæнæн нæй позици æмæ оппозици. Æз дæн партиты уæлийæ куыд ног президент, ног конституцийæ. Æз фыццаджы дæр дзыллæйы раз дæр бæрнон. Цыдæриддæр та коабитацимæ æххæссы, зæгъдзынæн – коабитаци нæй. Президæнт хайад нæ исы коабитаци æмæ агитациты. Бацæудзæн йæ галуанм æмæ уын куыд дзырдтон афтæмæй, райдайдзæн кусын дзыллæйы пайдайæн. ДЗыллæ хъуамæ ссиу кæнæм» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.