Саломэ Зурабишвили - Гуырдзыстоны Сан-Диегойы университеты америкаг бакалавриаты программæтæ, фидæныл нымад инвестици сты
Тбилисы Шота РУставелийы номыл театры ацыд, Гуырдзыстоны Сан-Диегойы паддзахадон университеты къурсфæудгондты рауагъды фыццаг церемони.
55 къурсфæудгондмæ лæвæрд æрцыд америкаг бакалавриаты дипломтæ, кæцымæ ис æхсæнадæмон аккредитаци, компьютерон инженерийы, электроинженерийы æмæ хими-биохимийы къабазы.
Къурсфæудгаондтæм дзырдæй баздæхт Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили.
« Ай тынг стыр æнтыст у, сымахмæ лæвæрд кæй æрцыд фадат уæ бæстæйы, уæ бинонты цур, ахæм ахуыр райсын, кæцыйы тыххæй раздæр хъуыдис бæстæйæ ацæуын, хаттæй-хатт уæззау уавæрт, мæхæдæг зонын куыд зын вæййы, уæлдайдæр æвзонг куы дæ уæд. ФÆнысангонд фадаи нын раттой АИШ_ы æмæ Гуырдзыстоны хицауадтæ. Арфæгæнæг дæн нæ партнертæн ахæм дæргъвæтин æххуысы тыххæй, кæцы æххæст кодта «Миназы Сидты» фонд» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.
Саломэ Зурабишвилийы ныхæстæм гæсгæ, Гуырдзыстоны Сан-Диегойы университеты америкаг бакалавриаты программæтæ зæгъгæ сты нæ бæстæйы экономикæйы æвæрд инвестицитæ æмæ нымад сты фидæныл.