Саломэ Зурабишвили – Гуырдзыстон кæддæриддæр уыдис æмæ ныр дæр у сабырдзинад фарсхæцæг
Гуырдзыстон кæддæриддæр сабырдзинады фарсхæцæг уыд, æмæ уый нысанæн конфликты рæстæджы банхъардтам нæ платформæ диалогы æмæ уавæры ифтыгъд суадзынæн, ацы æнхъарæн йæ тыхы ис кæцыфæнды рæстæджы – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Сомихыстоны президентимæ иумæйаг пресс-конференцийыл райхуъсын кодта.
Зурабишвилийы дзырдæй, зæгъгæ Сомихыстоны президенты Гуырдзыстонмæ визит рагæй уыд плангонд фæлæ йæ фæкуылымпы кодта пандеми, афтæдæр регионы айтынггонд конфликт.
«Тынг цин мын у, абон мæм кæй фæцис фадат Орбелианиты галуаны уын сфысым кæнын. Нæ раззаг фембæлды фæстæ, тынг уæззау быцæусидты раз уыдыстæм алчидæр дæр Кавказы, иуы æрдгæй пандемийы, уый разнаггад кодта æртæ дæр бæстæйы экономикæйæн, сыхгæдта нæ æппæт дунейæ æмæ нæ кæрæдзиимæ ахастыты, адæймæгты цард ахаста фæлæ бирæ уæззаудæр уыдис регионæн æмæ хицæнæй бæстæйæн хæсты фæстиуæгæн цы амæттаг уыд уый. Фæнды мæ ацы хæсты рæстæджы фæмардуæвджыты бинонтæн тæфæрфæс ракæнын æмæ æмæнкъард зæгъын сымахæн, цытджын президент. Конфликты рæстæджы ныр Гуырдзыстон сабырдзинады фарсхæцæг куыд уыд ис æмæ у, уый нысанæн уын банхъарыдыстæм нæ платформæ фембæлдтæн, диалогæн æмæ уавæры ифтыгъд суадзынæн, ацы æнхъарæн йæ тыхы уыдзæнис кæцы фæнды рæстæджы» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.
Абон райдыдта Сомихыстоны президент Армен Саркисяны официалон визит Гуырдзыстонмæ.