Саломэ Зурабишвили – Гуырдзыстон цæттæ уыд æмæ у, равдиса солидарондзинад Украинайæн
Саломэ Зурабишвили – Гуырдзыстон цæттæ уыд æмæ у, равдиса солидарондзинад Украинайæн

Гуырдзыстон æмæ  Румынийæн  ис тынг  стыр фæлтæрддзинад   уырыссаг империон   æмæ советон политикæйы,  зонæм, уы  нысан кæны  агресси,  оккупаци. Зонæм  цæй саразæг у  Уæрæсе, Гуырдзыстон цæттæ уыд æмæ ныр дæр у  равдиса солидарондзинад   Украинаимæ –  уый фæдыл Гуырдзыстоны преиздент Саломэ Зурабишвили   райхъусын кодта Румынийы президентимæ иумæйаг  пресс-конференцийыл.

Саломэ Зурабишвили  Украинайы  ныхмæ  уырыссаг агресси  ноджы иу  хатт бафаудта  æмæ  банысан кодта, цæмæй  Украинайы  цы  цæуы  уый æнæруадзгæ у.

Президенты фидиуæнæй,   Уæрæсейы  ныхмæ   сæйраг   мæцъис у  солидарондзинад.

«Сæйраг  мæцъис ацы агрессийы  ныхмæ у  солидарондзинад. Фæнды мæ æххæст солидарондзинад   равдисон Украинайæн   гуырдзиаг адæмы номæй. Зонæм абон цавæр уæззау  уавæры сты.  Гуырдзыстон  цæттæ уыд  æмæ цæттæ  у,   равдиса ацы  солидаронад.  Мах уый  аразæм, 30  мины онг украинаг   æмæ махæн уый  у  сегасдæр сæйраг, цæмæй сын раттæм фадат, сабырæй  уой.  Æхсызгон нын Евроцæдисы  æмæ Америкæйы   тыхархайд,  алцыппæтæй  баххуыс кæной  Украинайæн ацы  сæруæлдай  хæсты, кæцы  æнæмæнгæй  уæлапхиздзинадæй  хъуамæ фæуа, ам фуд кæны  сабырдзинад,  хæдбарад, мæнмæ  гæсгæ  мах алчи уый дзæбæх  æмбарæм», –  райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.