Саломэ Зурабишвили - Гуырдзыстон æрыздæхтис медиаторы историон ролмæ, АИШ æмæ Евроцæдис æрыздæхтысты Кавказмæ
Азербайджан конфликты рæстæджы ахст Сомихыстоны 15 æмбæстагы кæй ссæрибар кодта уый фæдыл Гуыррдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили фыссы социалон хызагы æмæ Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийæн арфæ кæны фидыды æнтыст.
«Цытджын Ираклий, арфæ уын кæнын Сомихыстоны æмæ Азербайджаны æхсæн гуманитарон бадзырды æнтыст. Гуырдзыстон медиаторы историон ролмæ æрыздæхтис, АИШ æмæ Евроцæдис æрыздæхтысты Кавказмæ. Æууæнк арæзтад у æнæфæцудгæ сабырдзинадмæ фæндаг» – фыссы Саломэ Зурабишвили микроблог «Твиттеры».
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилийы активон фасилитаци æмæ Филлип Рикеры хайадæй, Азербайджайнаг фарс, конфликты рæстæджы ахст Сомихыстоны 15 æмбæстагы ссæрибар кодта.