Саломэ Зурабишвили – гуырдзиаг адæм  знон  æвзæрстыты хайадæй  равдыста цæмæй,  змыстытæ, быæцудзинад, тыхмидзинад æмæ поляризаци нæ фæлæ,   йæ  æвзæрст у  сабырдзинад æмæ  стабилондзинад
Саломэ Зурабишвили – гуырдзиаг адæм знон æвзæрстыты хайадæй равдыста цæмæй, змыстытæ, быæцудзинад, тыхмидзинад æмæ поляризаци нæ фæлæ, йæ æвзæрст у сабырдзинад æмæ стабилондзинад

Уæвæг  вазыгджын политикон   æмæ поляризацигонд  разæвзарæнон  уавæрмæ нæкæсгæйæ,  зæгъæн ис, цæмæй  Гуырдзыстоны   бынæттон хæдуынаффæйы  æвзæрстытæ  сабыр,  æдас æмæ   конкурентджын  уавæрты ацыдысты.  Нысаниуæгджын хæлдтæй  цух, –  уый фæдыл  Гуырдзыстоны  президент Саломэ Зурабишвили  видео-сидты  райхъусын кодта.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ иттгæнысаниуæгджын у  æвзæрстгæнджыты активондзинад, цæмæй дæр ноджы иу къахдзæф  уыд   арызт демократийы  æмæ стабилондзинадмæ.

«Ацы æвзæрстытæ сты уый бæлвырдгæнæн, цæмæй  Гуырдзыстоны æмбæстæгты  фæнды  цæрын  сабыр,  хъуыддагыл  оритентацигонд   уавæры адарддæр уа  бæстæйы политикон  цард æмæ  хицаудзинад. Уымæ нæкæсгæ мæм уæддæр уыдзæн  æртæ  сæйраг фиппайинаг:

Фыццаг уый, цæмæй хъыгаг у, æмæ уый бынсан кодтой  æхсæнамæдорн цæстдарджытæ дæр –  сæйраг  темæ ацы бынæттон æвзæрстыты  рæстæджы  нæ уыд бынæттон хæдуынаффæйы   проблемæтæ,  ныфс дарын, цæмæй  дыккаг турмæ  ацы  фарста  размæ рахæцдзысты, уымæн æмæ æвзæрстгæнджытæ сæ бынæттон фидæны тыххæй  уынаффæ  хъуамæ рахæссой.

Афтæма банысан кодтон, цæмæй  бирæпартиондзинад сбæлвырд ис. Сакребулоты  чысыл  партитæ  уыдзысты бавдыст, фæлæ  хуыздæр уаид  чысыл партитæм уыдаит   фылдæр  шанс,  фылдæр ресурс, фылдæр фадат, уымæн æмæ  деполяризацийы  басæттын  фидæнмæ  æрмæстдæр  чысыл партиты, æртыккаг   тыхты  фæрцы уыдзæн гæнæн.

Æмæ æртыккаг, куыд ацы бæстæйы сылгоймаг Президент,   фæнды мæ, цæмæй  сылгоймæгтæн дæр уыдаит фылдæр  бынат ацы æвзæрстыты, уæлдайдæр  бынæттон  æвзæрстыты, уымæн æмæ зонын, куыд баст сты сылгоймæгтæ бынæттон  экономикæйы  æмæ цас  нысаниуæгджын сты сæ инициативæтæ.  Хъыгаг у, цæмæй нæдæр ацы  номхыгъдты, нæдæр мертæм  кандидатты æхсæн, фылдæр  сылгоймаг нæ уыд» – райхъусын кодта  Саломэ Зурабишвили.