Саломэ Зурабишвили - Гуырдзиаг адæм, Европаг бинонты æхсæн йæ историон бынат æрыхдахын аккаг у, Гуырдзыстон хъуамæ райса кандидаты статус, уый уыдзæн Европæйы тыхы æмæ иудзинады бæлвырдгæнæн
Гуырдзыстонæн Европаг перспективæйы лæвæрд уыд историон уынаффæ. Уый ныс ан кодта, цæмæй географион ссис, кæцы уыд арызт мах æмæ Европæйы æхсæн, символонæй ныккалдис, – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Лиетувæйы президент Гитанас Наусэдаимæ иумæйаг брифингыл райхъусын кодта.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ кандидаты статус райсын абон гуырдзиаг адæмæн, алтернативæ цæмæн нæй, ахæм фæндаг у.
Цытджын президент, хæдбарад ногæй рацаразыны бонæй, Гуырдзыстон зындзинæдтæй æфсæст 32 азы рацыд. Гуырдзиаг адæм бирæ зындзинæдтæ æмæ быцйæусидтытæ бавзæрстой сæрибардзинад æмæ европаг хæзнаты æвзæрст бахъахъхъæнынæн. Ацы тох абон дæр дарддæр кæны. Гуырдзыстон æмæ гуырдзиаг адæм ноджы иу хатт ацы бонты æмæ æнæиухатт ивгъуыд азты дæр бæлвырд равдыстой европаг хæзнатæм сæ æнæцудгæ иузæрдыгдзинад. Гуырдзыстоны цæрджыты 80%-ы æвзæрст у Евроцæдисмæ интеграци. Ацы æвзæрст Гуырдзыстоны конституцийæ у фидаргонд. Ивгъуыд дæсгай азы дæргъы Гуырдзыстонæн егъау тыхархайд уыд Евроинтеграцийы фæндагыл. Уыдис нын бирæ æнтысты, фæлойæ зындзинæдтæ дæр нæ уыдыстæм цух, кæцытæ нын абондæр ис. 2022 азы Гуырдзыстонæн Европаг Перспективæйы лæвæрд уыд историон уынаффæ. Уый нысан кодта, цæмæй географион сис, кæцы арызт уыд мах æмæ европæйы æхсæн, фæстагмæ ныккалдис æмæ фарст – Гуырдзыстон хауы æви нæ Европаг бинонтæм æмæ перспективæмæ зæгъгæ, нырид нæ раз нал лæууы. Уый у стыр æнтыст. Абон та кандидат бæстæйы статусы райст нын у альтернативæ цæмæн нæй, ахæм нысан. Æз уый дзурын, куыд Гуырдзыстоны президент æмæ куыд æппæт гуырдзиаг адæмы хъæлæс афтæ. Абон Гуырдзыстоны æхсæнад консолидацигонд у Евроцæдисмæ интеграцийы идеяйы алварс. Цытджын президент, 14 марты Европарламентмæ сидты сымах Гуырдзыстоны европаг фидæны фарс рахæцыдыстут æмæ уый тыххæй мæ фæнды, зæрдиагæй раарфæ кæнын, уымæн æмæ Лиетувæ уыцы ран лæууы, цы ран уыдис æххæст ацы периоды рæстæджы æмæ нын ацы фæндагыл хæцы нæ фарс», – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.
Саломэ Зурабишвили куыд банысан кодта, уымæ гæсгæйæ, Гуырдзыстонæн канидадты статус раттын Европæйы тых æмæ иудзинады ноджы иу бæлвырдгæнæн уыдзæн.
«Гуырдзыстон æмæ йæ адæм стыр Европаг бинонты æхсæн сæ историон бынатмæ æрыздæхыны аккаг сты. Гуырдзыстон хъуамæ райса Евроцæдисы уæнгтæм кандидаты статус. Уый уыдзæн нæ иумæйаг уæлахиздзинад, уый уыдзæн европæйы тыхы æмæ иудзинады ноджы иу бæлвырдгæнæн. Зæгъæн ис 20 аз у, Лиетувæ Евроцæдисы æмæ НАТО-ы уæнг у. Дыууæ дæсой аз у, Европæйы æмæ глобалон æдасдзинад сфидар кæныны процессы Лиетувæйы сæрмагонд хайбавæрды æвдисæнтæ стæм. Июлы Лиетувæ НАТОйы Вильнюсы саммитæн сфысым кæндзæн. Гуырдзыстон стыр нысаниуæг дæтты Вильнюсы саммиты бæрзонддæр æммæзадыл бастдзинадæн. Мах аккаг æмæ нæфæсайгæ партнерады бирæ цæвиттон равдыстам альянсæн фæстаг 20 азы дæргъы.
Афон у, альянс архайадон къахдзæфтæ сараза æмæ æрыздæха Бухаресты саммиты декларацийы мидисмæ, æмæ нын июлы Вильнюсы Гуырдзыстоны НАТО-мæ интеграцийы прогресс фенын кæна. Æмтгæй зæгъгæйæ, маи хъуамæ бауадзæт Гуырдзыстоны æмæ гуырдзиаг адæмы ныфссастдзинад, мачи хъуамæ раттæнт Уæрæсейæн мæнг ныфсытæ, ома изоляцигонд Гуырдзыстон йæ æнцон нысанæй суыдзæн. 2024 азы Гуырдзыстоны æмæ Лиетувæйы æхсæн дипломатон ахастытæ сфидарк æнынæй 30 азы сыххæст уыдзæн. Ис нын алыгъуызон уавæр, æнтыстджынæй амбæлæм алцы датæйыл куыд дыууæфарсон – афтæ бирæфарсон форматты» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили æмæ Лиетувæйы президентæн фысымдзинады тыххæй ноджы иу хатт раарфæ кодта.