Саломэ Зурабишвили Гресмихевийы оккупацион хаххы цурмæ ныццыд æмæ Тиджробайы бæрæгбон бынæттон цæрджтимæ иумæ сбæрæгбон кодта [фото]
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Гресмихевийы оккупацион хаххы цурмæ ныццыд æмæ Тиджробайы бæрæгбон бынæттон цæрджтимæ иумæ сбæрæгбон кодта.
Президент стыр фыдракæндæй схуыдта æнусты дæргъы иумæ цæрæг гуырдзиаг-ирон цæрджыты фæхицæн кæнын.
«Ыссыдтæн Гремисхевмæ. Ам бæрæгбон кæнынц Тиджроба, кæцы азты æмæ æнусты дæргъы иу кодта гуырдзиæгты æмæ ирæтты, чырыстæтты. Ардæм иу æссыдысты æмæ куывдтой, фæлæ абон , уæллаг дзуармæ ссæуын, оккупацион хаххы тыххæй адæмæн нал у сæ бон.
Æнусты дæргъы иумæ цæрæг адæмы афтæ аразгæйæ фæхицæн кæнын у стыр фыдракæнд! Никæмæн ис бар фехала кæрæдзийы уарзондзинады цæрыны незаманы традици. Уый тыххæй æссыдтæн ардæм æмæ хъуыды кæнын, цæмæй ацы бынатмæ фылдæр æркæсын æмæ базилын хъæуы. АРæхдæр хъуамæ цæуæм ардæм æмæ равдисæм цæмæй ацы хахх реалонæй нæй, цæмæй аразгæ у.
Ацы фæндаг хъуаг у 12 километрæй, арæдм фæндаг хъуамæ уа æмæ ацы хъæу скъуыд ма хъуамæ иннæ дунейæ. Бирæ æнцондæр хъуамæ уа ардæм змæлд. Фæндаг æмæ хъусдард – адон сты уый амындтæ, цæмæй паддзахад ауды алкæуыл дæр, цæмæй сом, хæстæг фидæны, алчи иумæ хъуамæ бахъом уæм Уæллаг Дзуармæ ссæуын æмæ цæрджытæ кæрæдзийæ джих ма хъуамæ уой» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.