Саломэ Зурабишвили Гиорги Руруайæн ныххатыры акт, æнхъæлцау, абон рауадздзæн
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Гиорги Руруайæн ныххатыры акты, æнхъæлцау, абон рауадздзæн.
Саломэ Зурабишвили цалдæр боны размæ куыд райхъусын кодта афтæмæй, ныххатыры акты 27 апрелы, оппозицион партиты минæвæртты парламентмæ бацыды бон рауадздзæн.
Оппозицион партиты минæвæрттæ, кæцытæ Европаг Советы президент Шарль Мишелы документыл бафыстой къух, парламентмæ бацæуын абон хъавынц. Уыдон закондæттæг органы сæхи регистрацийы ауадздзысты æмæ пленарон рабадтыл уыдзысты.
Афтæма консультацитæ дарддæр кæнынц амнистийы фæдыл законопроекты фарстыл, кæцыйы каст æнхъæлцау абон нæ бантысдзæнис, фæлæ парламентон фылдæрты уæнгты дзырдæй, законопроекты фæдыл абон уæлæмхас деталтьæ суыдзæн бæрæг.