Гуырдзыстоны æвзæрст президенты Саломэ Зурабишвилийы æмæ архайæг президент Гиорги Маргвелашвилийы фембæлд абон ацæудзæн.
Фембæлд президенты галуаны 16:00 сахатыл сырæздзæн.
Фыццаг Къаналæн Лаша Жваниа куыд фехъусын кодта афтæмæй, кæцы æнхъæлцау къухдариуæг кæндзæн президенты администрацийæн, ныхас ссырæздзæн куыд æвзæрст президенты инаугурацийыл афтæдæр хъуыддæгты алæвæрды фарстатыл.
«ИНаугурацийы тыххæй къуырисæры сырæздзæн фембæлд æвзæрст президенты æмæ архайæг президенты æхсæн. Æнхъæлцау уым сырæздзæн хъуыддæгты алæвæрдыл кусæг къорды фембæлд æмæ афтæдæр уыдзæн уынаффæ инаугурацийы детæлттыл, кæцы зонæм цæмæй хъуамæ уа 16-æм декабры» – рахъусын кодта Лаша Жваниа.
Гиорги Маргвелашвили 29 ноябры Саломэ Зурабишвилийæн президентон æвзæрстыты уæлахиздзинад раарфæ кодта æмæ загъта, цæмæй куыддæр Саломэ Зурабишвили зæгъгæ бæрнон уæнгты бавдисдзæн, президенты администраци цæттæ у хъуыддаджы алæвæрды фæдыл æмкуыст кæнынмæ. Саломэ Зурабишвили уыцы бон райхъусын кодта, цæмæй Гиорги Маргвелашвилиимæ фембæлдмæ цæттæ у.