Саломэ Зурабишвили – Германийы президентимæ конфликтон ситуацийы æмæ оккупацигонд территориты тыххæй фæныхас кодтам
Оккупацигонд мах территоритыл ацы сæрды сырæзт тынггонд уавæр, гæнæн ис кæцыфæнды рæстæджы айрæза бирæ серьозондæр ситуацимæ, æнæмæнгхъæугæ у деескалаци æмæ ииннæ æрдгæй, исты рацæуæн ссарын – уый фæдыл Гуырдызстоны президент Саломэ Зурабишвили, Германийы президент Франк-Вальтер Штайнмайеримæ иумæйаг фидиуæны рæстæджы банысан кодта.
Зурабишвилийы дзырдæй, Германийы президентимæ фембæлдыл конфликтон ситуацийы æмæ оккупацигондтерриторитыл уæвæг уавæрыл фæныхас кодтой. Э Гуырдзыстоны президенты дзырдæй, æнæмæнгхъæугæ у деескалаци, æмæ исты рацæуæн ссарын ацы æрдæм.
«Ацы аз нын цыппæрæм фембæлд уыд Германийы президентимæ, фæлæ ацы аз æмæ ацы форматы йæ фыццаг визит у уымæн. Фыццаджы дæр мах конфликтон ситуацийыл æмæ оккупацигонд территоритыл фæныхас кодтам. Уыцы æнæмæнгхъæуындзиндыл, кæцыйы кой иудадзыгæй кæнын нæ партнертимæ, ома æнæмæнгхъæугæ у æндæр конфликттимæ иумæ, сæрмагондæй та Украинайы конфликтимæ иумæ, ма ферох кæной Гуырдзыстон, цæмæй оккупацигонд мах территоритыл ацы сæрды сырæзт карз уавæр, гæнæн ис цыфæнды рæстæджы айрæза бирæ серьозондæр уавæрмæ. Æнæмæнгæй хъæуы деескалаци скæнын иуы æрдгæй, æмæ иннæ æрдгæй та исты рацæуæн ссарын. Иуæй-иу ардæмад у фæтыхджындæр кæнын бадзырдтæ уыцы форматты, кæцы ис. Фæлæ æндæр форматты, кæцыты гæнæн ис бакастæуа æндæр конфликттæ дæр. Иуæй-иу ардæмад афтæдæр у Евроцæдисы цæстдарджыты миссийы ареал райрæзын кæнын, куыд фыццаг деескалацийы иуæй-иу мадзал», – райъусын кодта Саловмэ Зурабишвили немыцаг коллегæимæ иумæйаг фидиуæнты аразыны рæстæджы.