Саломэ Зурабишвили Францмæ кусæн визиты официалон хай абон райдайдзæн
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Францмæ кусæн визиты официалон хай абон райдайдзæн.
Саломэ Зурабишвили абон Францы дыууæпалатæйон парламенты уæллаг палатæйы, сенаты президент Жерар Ларшеимæ фембæлдзæн.
Боны дыккаг хайы Гуырдзыстоны президент Паризы, политикъон зонæдты институты (SciencesPo) æхсæнадæмон ахастыты фарстатыл бакæсдзæн лекци – «Гуырдзыстон æмæ Европæ, фадæттæ ивгæ уавæрты».
19 февралы Саломэ Зурабишвилийæн сфысым кæндзæн Францы президент Эммануэль Макрон. Францы президентимæ фембæлды фæстæ, дыууæ бæстæйы президенттæ къух бафысдзысты æмкуысткæнынады декларацийыл «Францаг-Гуырдзиаг Димитри Амилахварийы номыл диалогы» бындурæвæрдлы фæдыл, кæцыйы бындурыл бæстæты æхсæн диалог райсдзæн институцион равг æмæ бынтон ног этапмæ ахиздзæн.
Саломэ Зурабишвили Францмæ знон ныццыд. Визиты фыццаг бон, Саломэ Зурабишвили абæрæг кодта йæ фыды инициативæйæ арызт аргъуан æмæ йæ хъæбултимæ иумæ ныллæууыд Хуыцаумæ скуывдмæ. Уый фæстæ Гуырдзыстоны президент Левилмæ араст ис, цы ран йæ ныйарджыты ингæныл дидингуытæ сæвæрдта æмæ Левилы шато абæрæг кодта. Саломэ Зурабишвили Францмæ кусæн визиты фыццаг бон, студенттимæ æмæ гуырдзиаг эмигранттимæ фембæлдæй фæцис.
Гуырдзыстоны президент Францæй Германимæ араст уыдзæн, цы ран Германийы канцлер Ангела Меркелимæ фембæлдзæн.