Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили «Фидтонон Кодексы» ивддзиндтыл вето сæвæрдта. Ууый фæдыл информацийы президенты аминистраци хъусын кæны.
Гуырдзыстоны президент а.х. офшорты закъоныл вто сæвæрдта æмæ мотивиргонд фиппаинæгтæ парламентæн æрыздæхта «фидтонон кодексы» ивдтытæ» -банысангонд у администрацийы информацийы.
Гуырдзыстоны парламент «фидтонон кодексы» ивдтытæ æртыккаг кастæй 19 апрелы райста.
Закъонопроектмæ гæсгæйæ хардзгондыл банымайдзысты физикъон уæнг, 2021 азы 1 январы онг сæвзæргæ æмæ хардзгондыл банымайыны моментмæ цы фидтонон хæсыл басастис уый æмæ уымæ бафтаугæ ивартæ.
Закъонопроектæй сбæрæг уыдзæн, цæмæй уæлбарджын бегара цы бæстæты ис уым регистрацигонд фæсарæйнаг кондады алы активыл ( уый нымæцы, хайыл/акцийыл) срæмæмулкы бары 2028 азы фыццаг январы онг Гуырдзыстоны кондадæн алæвæрды рæстæджы ацы операцийы фæлгæтты, уæлбарджын бегара цы бæстæты ис уым регистрацигон фæсарæйнаг кондад æмæ партнер физикъон уæнгæй ист æфтиаг, ссæрибар ис æфтиагы хъалонæй.
Закъонопроектмæ гæсгæйæ, фæнысангонд перацийы фæлгæтты активы/базайрагы æрбаласын/импорт ссæрибар уыдзæн импорты хъалонæй, æрмæст Гуырдзыстоны кондад ацы операцийы фæлгæтты райсгæ активы фæдыл ссæрибар уыдæн мулкы хъалонæй, 2030 азы фыццаг январы онг.