Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Хуссар Кавказы æмæ Централон Азийы НАТО-йы генералон нымæрдары специалон минæвар Хавьер Коломинаимæ фембæлдис.
Хавьер Коломина ноджы иу хатт сблæвырд кодта Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн афтæма евроатлантикон æмæ европаг интеграцийæн хъæддых фарсхæцын.
Фембæлдыл хаххгондæй банысан ис Гуырдзыстон-НАТО-ы дыууæфарсон ахастытæ, кæцы динамионæй рæхы, афтæма институцион æмæ демократон реформæты нысаниуæг. Фембæлдыл æркастысты Гуырдзыстоны сæрмагонд роль регионы сырæзт æдасдзинады æрдгæй уавæрыл æмæ Сау денджызы æдасдзинады фарстаты.
Уыимæ æркастысты Гуырдзыстоны Европаг перспективæ, 12 пунктджын рекомендациты сыххæст æмæ ацы цæстæнгасæй, деполяризацийы æмæ демократон реформæтæ ауадзыны нысаниуæг. Банысан ис, цæмæй бæстæйы европаг интеграци бæстæйы цæрджыты фылдæры хайы равзæрст у, цæй тыххæй дæр нысаниуæгджын у, оппозици æмæ хицаугæнæг бал алцыппæт саразой деполяризацийы æмæ институцион реформæты сыххæст кæнынæн.
Информаци хуъсын кæны президенты администрацийы пресс-куыст.