Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили фембæлд Эстонийы президент Керсти Кальюлайдимæ.
Фембæлды рæстæджы президенттæ Гуырдзыстоны æмæ оккупацион хаххыл уæвæг уавæрыл фæныхас кодтой.
Эстонийы президенты дзырдæй, оккупацион хаххы хоны фыдбылызы хаххæй æмæ ивгъуыд куырийы уый йæхæдæг баиу ис процессмæ, цæмæй дунейы лидертæн Гуырдзыстоны тыххæй информаци йæхæдæг базонын кодтаит.
«Мах фæныхас кодтам Гуырдзыстоны цæугæ ситуацийыл, оккупацион хаххыл, кæцыйы сæрмагондæй æз хонын фыдбылызы хаххæй. Ивгъуыд къуырийы баиуц дæн процесстæм, цæмæй Гуырдзыстоны тыххæй информаци мæхæдæг базонын кæнон дунейы лидетæн» – райхъусын кодта Керсти Калюлайд.
Фембæлдыл ныхас афтæдæр уыд, скæсæн партнерады тыххæй æмæ уый фæдыл цæмæй куыд хъуама бауа дыууæ бæстæйы æхсæн æмкуысткæнынады бирæ уæрæхдæр.
Информацийы хъусын кæны Гуырдзыстоны президенты пресс-куыст.