Саломэ Зурабишвили фембæлд Францы фæсарæн хъуыддæгты министримæ
Саломэ Зурабишвили фембæлд Францы фæсарæн хъуыддæгты министримæ

Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили  Францы фæсарæн хъуыддæгты  министр Жан-Ив Ле Дрианимæ  фембæлд.   Уый фæдыл  Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналæн фехъусын кодтой   президенты администрацийы.

Президенты пресс-куысты   хъусинагæй,   фæрстæ  оккупацигонд Гуырдзыстоны  регионты  æдасдзинады æмæ адæймаджы барты  æрдгæй   уæвæг   уæззау уавæр æркастысты. Ныхас сырæзт  конфликты æрбиноныгы процессы   Францы  бастдзинады  нысаниуæгыл.

Уыйимæ иумæ,   фæембæлды  сæйраг темæ  дыууæ бьæстæйы æхсæн политикхъон  диалогы  ног этапмæ ахизын уыд.  Сырæзт уынаффæ   Женевæйы   æхсæнадæмон  дискусситы  формат сног кæнын æмæ  фæтыхджындæр кæныныл.   Ныхас  сырæзт   афтæдæр   францаг   инвестициты  сæххæст нысаниуæгыл. Гуырдзыстоны президент  Францы фæсарæн хъуыддæгты  министримæ  партнерады  æмæ дыууæфарсон   æмкуысткæнынад фæарфдæр кæныны  перспективæтæ æмæ  æмкуысткæнынады   приоритетон ардæмадтæ   æркастис.

Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили  абон Францы   æхсæнадæмон  бизнесфорум байгом кæндзæн,  700-йы онг  амалиуæгдармæ  дзырдæй баздæхдзæн æмæ  Гуырдзыстоны  Европаг фидæны æрдæм раздахдзæн хъусдард.