Саломэ Зурабишвили – фæнды мæ Гуырдзыстоны номæй равдисын æххæст солидарондзинад нæ  хæлар Украинаимæ
Саломэ Зурабишвили – фæнды мæ Гуырдзыстоны номæй равдисын æххæст солидарондзинад нæ хæлар Украинаимæ

Иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй нæм  абон фæцис фадат информаци баивын  уыцы иттгæ вазыгджын   уавæры фæдыл, кæцы ис  Украинайы ныхм равдыст агрессийыл Уæрæсейы æрдгæй –  уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили, Польшæйы президент  Анжей Дудаимæ фембæлды фæстæ иумæйаг   фидиуæны  рæстæджы банысан кодта.

«Уымæн æнæхъæн европаг   ныгуылæйнаг   дуне  дæтты дзуапп  бадзырдтæй,   архæйдтытæй, цæмй  ацы  уавæр æрсабыр уа æмæ сабырæй дээскалацийы æрдæм ацæуа ац ы ныттынггонд уавæр  фæлæ  уый тыххæй  дыууæдæр фарс  хъуамæ уа  цæттæ.  Ацы  ныттынггонд  уавæры мæ фæнды  Гуырдзыстоны номæй  равдисын  æххæст солидарондзинад нæ  хæлар Украинаимæ.

Нæ солидарондзинад æрмæст дзырдæй нæу,  ай у солидарондзинад  уыцы  бæстæйæ, кæцы нырид бавзæрста  æмæ  нырдæр  оккупацийы бын ис  æмæ  уый тыххæй  тынг дзæбæх æмбарæм, цæмæй цы  хаты абон украинаг адæм, æмæ сын æмæнкъард кæнæм.

Афтæдæр  зонæм, цæмй  куыд   стыр у  Польшæйы солидарондзинад,  æххуыс Украинайæн алы  æрдгæй,   уымæн æмæ  у Европæйы иуæй-иу  бæстæ, кæцы  нырид  рагæй  йæ фарс хæцы  Украинайæн, Украинайы  суверенитет æмæ  территорион æнæхъæндзинадæн.  Афтæдæр Польшæ идадзыг нæ фарс хæцы махæн  ацы æрдгæй  евроатлантикон  интеграцийы фæндагыл, уый тыххæй мæ фæнды ноджы иу хатт   зæгъон арфæйы ныхæстæ  нæ  хæлар бæстæйæн.  Афтæдæр   арфæгæнæг дæн нæ европаг æмæ  америкаг   партнертæн, кæцы  абон  аы вазыгджын  бадзырдты  рæстæджы  нæ   рох кæнынц  Гуырдзыстон æмæ  алы  фадаты рæстæджы  иу Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады тыххæй  ракой кæнынц»  райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.

Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ Гуырдзыстон  разы у  алыхуызæн  сабырадон  бадзырдтимæ.

«Фæнды мæ  ныфс равдисын, цæмæй  Украинайы  суверенитет   кæронмæ хъахъхъæд уыдзæн,  цæмæй бадзырдтæ  кæцыты  Польшæйы президент æххæстæй  баст у, уыдзæн фæстиуæгджын æмæ  эффективон. Уый мах алкæй иумæйаг интерес у» – загъта Саломэ Зурабишвили.