Саломэ Зурабишвили - Европæ нын амæй размæ равдыста, цæмæй йын Гуырдзыстоны стабилондзинад, демократондзинад æмæ размæцыд, хуымæтæг ныхæстæ нæ, фæлæ сын, реалон нысан æмæ рард у уый
Европæ нын амæй размæ равдыста, цæмæй йын Гуырдзыстоны стабилондзинад, демократондзинад æмæ размæцыд, хуымæтæг ныхæстæ не сты, реалон нысан æмæ рард сын у уый – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Европæйы бонмæ гæсгæ хъусын кæны.
«Æнæхъæн Европæйы, Европæйы бон европаг адæмты æмæ Европæйы бæстæты иудзинады боныл нымад цæуы. Уый бындурæвæрд у еврпаг културæйы æмæ историйы сфæлдисæг аргъдзинæдтыл. Европæйы истори нын æвдисы цæмæй алы стыр быцæусидты фæстæ, хæст кæнæ трагедиты фæстæ фæзынынц ног фадæттæ, ног фидардзинад, ног энерги. Ацы сабырадон фидæны ныфс дарæм абон æмæ алы 9 майы.
Европæ нын амæйразмæ равдыста, цæмæй сын Гуырдзыстон у нысаниуæгджын æмцæдисон, уыдонæн Гуырдзыстоны стабилондзинад, демократондзинад æмæ размæцыд, хуымæтæг ныхæстæ не сты, реалон нысан æмæ рард сын у æмæ уый нысанæн æгъгъæд у Европæйы бæрзонддæр къухдариуæгады бастдзинад нæ политикон кризис алыг кæнынæн.
Европæ нын нæ фарсмæ слæууыд. Нæ Европæмæ фæндаг нæдæр æнцон, æмæ иугъуызон у, фæлæ мах, Гуырдзыстоны цæрджыты фылдæры хай зонæм, цæмæй уый у нæ размæцыды реалон фæндаг. Ацы бон арфæ кæнæм нæ европæйаг панртнертæн, нæ европаг хæлæрттæн, Европæйы цæрæг нæ æмбæстæгтæн. Ацы бон нæ иумæйаг бæрæгбон у. Арфæ уын кæнын!» – хъусын кæны Саломэ Зурабишвили.