Саломэ Зурабишвили – Евроцæдисы хæсыл нæзагъд, цæрджыты фылдæр хайæн æмæ мæнæндæр тынг зынæмбарæн къахдзæф у
Гуырдзыстоны преиздент Евроцæдисæй хæсыл нæзагъды фæдыл уынаффæ зынæмбарæнæй схуыдта. Уый фæдыл абон Саломэ Зурабишвили цъус рæстæг размæ Орбелианиты галуаны брифингыл райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ зынæмбарæн у, цæй æфсонæй ссис абон сæрмагонд æмбæстæгты кризисон уавæрæй приоритетондæр æттагон хæс фæкъаддæр кæнын.
«Цыфæнды уæд нæ экономикон рæзт, уæддæр нæу уыцы социалон æмæ адæймагон зианы анулиркæнын хъом, кæцыйы æрхаста ковид нæ бæстæйы цæрджытæн æмæ цæй фæкаддæр кæнын дæр уыд йæ нысан, фæнысангонд 75 милуан евройы бæрц, кæнæ та 300 милуан ларийы бæрц хæсæн. Зынæмбарæн у цæй аххосæй у абон афтæ æмæ сæрмагонд æмбæстæгты кризисон уавæрæй приоритетон дæр ссис æттагон хæс фæкаддæр кæнын. Уæдмæ цалынмæ экономикон рæзты бæрæггæнæнтæ цæрджытæ сæ æрвылбойнон царды нæ рахатдзысты, уæдмæ æххуысыл нæзагъд ракæныны логикæ зынæмбарæн у. Парадоксалонæй мæм кæсы, иуырдгæй европаг хæсыл æмæ иннæрдгæй, æндæр мæ æндæр проекттыл, сæ нымæцы Рикоты магистралы арæзтадыл апеляцитæ куы кæнынц, уый фылдæр хайæ Европæйæ æрцæгæ хæстæй куы æххæстæуы уæд. Зын бамбарæн у ацы къахдзæфы экономикон фæстиуджытæ, ацы хæс райст – нæрайсынæй»- загъта Саломэ Зурабишвили.