Саломэ Зурабишвили - Евроцæдисæн ахсджиаг у, Гуырдзыстон адарддæр кæна йæ Европаг æмæ демократон фæндаг
Европаг Советы президенты Гуырдзыстонмæ визит нысан кæны уый, цæмæй Евроцæдис никæдæм ацыд – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Европаг Советы президент Шарль Мишелимæ фембæлды фæстæ райхуъсын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ Евроцæдисæн иттæг нысаниуæгджын у, цæмæй Гуырдзыстон йæ Европаг æмæ демократон фæндаг адарддæр кæна æмæ йæ мацы фæкуылымпы кæна.
«Фæнды мæ стыр бузныг зæгъын Европаг Советы президент, Шарль Мишелæн ардæм кæй æрцыд, уый тыххæй. Æрымысдзынæн дыууæ мæйы размæ мæхи визит Брюссельмæ, кæцы уыд иттæг нысаниуæгджын, куыд фыццаг постковидвизит æмæ тынг дзæбæх ныхас нын уыд йеуæд дæр. Абон президенты æрцыд Гуырдзыстонмæ уый нысан кæны, цæмæй Евроцæдис никæдæм ацыд, ам ис æмæ раздæр куыд никуы уыд, афтæ абон Евроцæдисæн ахсджиаг у, Гуырдзыстон адарддæр кæна йæ Европаг æмæ демократон фæндаг æмæ йæ мацы фæкуылымпы кæна. Афтæ, куыд никуы уыдис раздæр, абон нысаниуæгджын у, уымæн æмæ ацы регионы уавæр фæивдта æмæ ныр хъæуы, цæмæй куыд уыдис æмæ ныр дæр у, Гуырдзыстон демократийы сакъадах, ноджы стыхджындæр уа æмæ сфидардæр уа», – загъта Саломэ Зурабишвили.
Шарль Мишелæн афтæдæр плангонд сты фембæлдтæ Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилиимæ, парламенты сæрдар Арчил Талакъвадзеимæ æмæ политикон партиты лидертимæ.
Европаг Советы президент, хъæу Хурвалеты цур оккупацион хаххы бæрæгдзау ныццæудзæн, Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæварады ног офисы инаугурацимæ бацæудзæн æмæ Евроцæдисы финансгонд проекттæ абæрæг кæндзæн.
Шарль Мишель Гуырдзыстонæй 2 марты ацæудзæн.