Саломэ Зурабишвили – Евроцæдисæй фарстаты анкет райсын у ног шанс
Абон у Гуырдзыстоны историйы иуæй-иу сегасдæр ахсджиаг бон. Абон мах раайстам Еевроцæдисæй фарстаты анкет, кæцыйы æнхъæл вæццæгæн нæ уыдыстæм ноджы цлалдæр азы – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Евроцæдисы уæнгдзинады фæдыл куырдиатимæ баст фарстаты анкеты райсты тыххæй абоны брифнгыл райхъусын кодта.
Зурабишвилийы дзырдæй, зæгъгæ уый у диссаджы ног шанс, кæцы фæзындис Гуырдзыстонмæ.
«Уый тыххæй хъуамæ зæрдæрухс уæм Евроцæдисы уæнг алы бæстæйæ æмæ Евроцæдисы къухдариуæгадæй, еврокомиссийæ æмæ европаг советæй, фæлæ ноджы фылдæр арфæгæнæг хъуамæ уæм Украниайæн æмæ украинайы тохæн. Украинайы æрдгæй ахæм сæруæлдай хст куы нæ уыдаит, вæццæгæн нæдæр ацы бон æрлæууыдаит, куыддæриддæр уа афтæ тагъд не рлæууыдаит æмæ кæд уыдаит ацы бон, уый зæгъын никæмæн уыд йæ бон. Евроцæдис, ацы трагикон уавæры тыххæй рахаста уынаффæ, цæмæй фæтагъд кодтаит ацы процесс æмæ йæ скодтаит бюрократон нæ фæлæ фылдæр политикон» – банысан кодта Саломэ Зурабишвили.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ уый нæу æрмæст фарстаты анкет, фæлæ у стыр бæрн нæ бæстæйæн.
«Ай у уыцы фарста, кæцы нæ аскуыддзаг иу кæцыдæр балы уынаффæтæй æмæ тыхархайдæй. Кæд исты национæй схонын ис гæнæн, уæд ай у национ хъуыддаг, национ интерес æмæ мæ бон уый ахъуыды кæнын дæр нæу, цæмæй ахæм национ хъуыддаджы алыварс, кæцымæ нæ фылдæлтæ бæллыдысты, фыццаг хæдабарады бонæй фæстæмæ, ма баиу уæм алчи» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, абон тынг нысаниуæгджын у, алкæй баиу Гуырдзыстоны алыварс.
«Фæнды мæ алкæмæн зæгъын, горæтты æмæ хъæуты, цæрджытæ, политикон партитæ, алчи хъуамæ баиу уæм, уый у национ разыдзыинад, национ интерес ацы нысчаны алыварс æмæ уырнæг дæн, уый нæ бон у» – загъта Саломэ Зурабишвили.