Саломэ Зурабишвили - Де-факто хицауад Абхазы, абон уадзы æнæлегитимон «президентон æвзæрстытæ
Гуырдзыстоны президент оккупацигонд Абхазы а.х. æвзæрстытæ фауы. Фидиуæны Саломэ Зурабишвили публикаци скодта «Твиттеры».
«Де-факто хицауад Абхазы, абон уадзы æнæлегитимон «президентон æвзæрстытæ». Гуырдзыстон фауы ацы фиктивон процесс, куыд нæ националон суверенитеты ноджы иу æфхæрд» – фыссы Гуырдзыстоны президент.
Уæрæсейы æрдгæй оккупацигонд Абхазы абон, а.х. президентон æвзæрстытæ цæуынц. Оккупацион режим куыд хъусын кæны афтæмæй, «Президенты постмæ тохы кæнынц фараст кандидаты æмæ сæ нымæцы ис архайæг президент Рауль Хаджимба». Уæрæсейы оккупацигонд регионы арызт сты «35 æвзæрстгæнæн зылд æмæ 152 фадыгы».