Саломэ Зурабишвили даспорæйы минæвæрттæм баздæхт - нæ фидæн у иумæйаг, паддзахадæн иумæйаг куыст кæнын хъом стæм
Иттæг ахсджиаг у, диаспорæйы бон, Хæдбардзинады боны фæдылдзог бæрæгбон кæй у уый, æмæ мах банысан кæнæм ацы дыууæ факты – уый тыххæй Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили райхъусын кодта, Диаспорæйы бонмæ нывонд æрвылазон форумыл дзырдæй ралæуды рæстæджы.
Гуырдзыстоны президент ныхас кодта æмбæстæгты фыдыбæстæйæ эмиграцийы аххосæгтыл æмæ банысан кодта, цæмæй зæгъгæ сæйраг аххосаг у экономикон-социалон.
«Хæдбардзинад æрхаста ацы егъау эмиграци, кæцы раздæр уыд уæлвæтк. Гуырдзиæгтæ Гуырдзыстонæй никуыдæм цыдысты массонæй, кæд æмæ политикъон эмиграцийы цаутæ ацух кæндзыстæм уæд, кæцы æнæуый уыд тынг чысыл бæрцæй. Хæдбардзинад ногæй рацарæзты фæстæ, бæстæйæ ацыды ацы уылæн, кæцыйæн ис бирæ аххосæгтæ, политикъон дæр, фæлæ фылдæр уæддæр социалон-экономикон æмæ Гуырдзыстон фæйнæрдæм апырхытæ ис æппæт дунейы. Уымæн ис стыр амæлттæ, фæлæ йын ис æппæрццаг миниуæг дæр, фæлæ амæлттæй – фылдæр цымидис кæнæм», – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, диаспорæйы минæвæртты руаджы абон дунейы Гуырдзыстоны тыххæй фылдæр зонынц.
«Абон сымах уæ хайбавæрд кæнут æндæр æмæ æндæр бæстæты, кæцырæтты дæр цæрут, алы æрдгæй, зæгъæм культурæ, спорт, политикъæ æмæ экономикæ. Фæлæ абон, сегасæй ахсджиаг у – цæмæй мах абон реалонæй ссиу стæм. Кæд раджы уыдис ахæм ахаст, ома ам зæгъгæ ис паддзахад, сымах уым, æмæ амал уæвгæйæ хъуамæ бастдзинад сфидар кæнæм, уæд зæгъæн ис, цæмæй абон ацы бастдзинад сфидар кодтам. Нæ фидæн у иумæйаг. Ацы диаспорæйы хай, гæнæн ис æцæгæйдæр æрбынат кæна уым кæцы ран дæр цæры. Ныфс мæ ис, цæмæй фылдæр хай æрыздæхдзæн фыдыбæстæмæ»,- райхъусын кодта президент.