Саломэ Зурабишвили- цæрджыты реакции у тынг æрдзон, фæлæ уый æнхъæл нæ дæн, цæмæй ацы æрдæм змæлд хъуамæ адарддæр кæнæм
Президент Саломэ Зурабишвили протестон акцийы хайадисджытæм æрсидтис уавæры дээескалацимæ – ахæ срæгондæй публикации кæны Гуырдзыстоны преиздентимæ интервьюйы «Евроньюс».
Телеуынынады журналисты фарстыл зæгъгæ, æмбары æви нæ президент, цы расайдта протестон акцитæ, Саломэ Зурабишвили дзуапп деты, цæмæй цæрдлжыты реакции уымæн диссаг нæу, æмæ тынг æрдзон у зæгъгæ.
«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, цæрджыты реакции у тынг æрдзон, фæлæ уый æнхъæл нæ дæн, цæмæй ацы æрдæм змæлд хъуамæ адарддæр кæнæм. Уый цыдæриддæр ацы бæстæйæн хъæуы сеппæтæй фылдæр у сабырдзинад æмæ мидæгон стабилондзинад, уымæн æмæ уый у реалон тых. Уæрæсеимæ политикон проблемæ ис æмæ алы ныфс дары, цæмæй иу бон ацы проблемæ аскуыддзаг уыдзæн, фæлæ ацы рæстæджы Гуырдзыстон рæзы, лæууы раст фæнадыгл Евроцæдисы æрдæмæ æмæ уый фылдæр нысаниуæгджын у» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.
Цыдæриддæр та змæстытæ сцырын кæныны Уæрæсейы æфсон фæкæныны тыххæй йæ хъуыдымæ æххæссы, Гуырдзыстоны президент дзуры, цæмæй зæгъгæ Гуырдзыстоны, æмæ æндæр бæстæты дæр ис дестабилизацийы архæйдтытæ.
«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы бæстæйы æмæ æндæр бæстæты дæр ис дестабилизацийы архæйдтытæ. Ай раст уый у, кæцыйы æрдæм тынг сæрхызт æмæ рагхынц хъуамæ уæм. Тынг æнцон у ахæм бæстæйы цæрджыты æнкъарæнтыл хъазын æмæ ахæм эмоцитæ сцырын кæнын» – райхъусын кодта Зурабишвили.