Саломэ Зурабишвили - цæй рæстдинон бастдзинад æмæ ахастытæ ис гæнæн Гуырдзыстон æмæ уыцы бæстæйы æхсæн кæцы æнæ æрмæст Гуырдзыстоны территориты оккупант у, фæлæ ма тох кæны религи æмæ алы чырыстонон æгъдæуттимæ
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Тбилисы рæстдинон æхсæнпарламентон ассамблейы 26-æм генералон сессий ауадзыны тыххæй социалон хызаджы ратта дзуапп.
Президенты фидиуæнæй цæй рæстдинон бастдзинад æмæ ахастытæ ис гæнæн Гуырдзыстон æмæ уыцы бæстæйы æхсæн кæцы æнæ æрмæст Гуырдзыстоны территориты оккупант у, фæлæ ма тох кæны религи æмæ алы чырыстонон æгъдæуттимæ.
«Рæстдинон æхсæнпарламентон ассамблей? Ай ты цы у? цы нысан кæны? Цæй рæстдинон бастдзинад æмæ ахастыт ис гæнæн уа мах æмæ уыцы бæстæйы æхсæн, кæцы нæ бæстæйы территориты оккупант кæй у, уымæй дарддæр ма тох кæны религиимæ æмæ чырыстон дины алы æгъдæуттимæ, кæцы тобæ кæны – æндæрæбоны дæнц Гремисхевийы – гуырдзиаг æмæ ирон чырыстон адæмы дзуармæ иумæ бацыд æмæ кувын, сæрмагонд ныййарджыты уæлмæрдмæ бацæуын, Абхазы гуырдзиаг аргъуаны сæндидзин кæнын!!!
Ацы хъуыддаджы рæстдинонæй æппын ницы ис! Уæрæсейæн ахуыр амал, уæдæ политикон нысæнттæн спайда кæнын религийæ! Кæд афтæ у, уæд ацы политикъон хъазтмæ цæмæн бацыдыстæм мах?» – фыссы Гуырдзыстоны президнт Саломэ Зурабишвили социалон хызагы.
Тбилисы рæстдинон æхсæнпарламентон ассамблейы 26-æм генералон сесси цæуы. Сесси абон дарддæр кæны парламенты рабадтыты залы. Парламенты спикеры бынатæй, делегаттæм ассамблейы президент, Уæрæсейы думайы депутат, коммунистон партийы уæнг Сергей Гаврилов басидтис, кæцы разамынд кæны рабадтæн.