Брюсселмæ кусæн визиты фæлгæтты Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Евроцæдисы сыхагон политикæйы æмæ ауæрæхы фæдыл бадзырдты фарастаты еврокамисар Йоханнес Ханнимæ фембæлд.
Фембæлдыл фæрстæ фæныхас кодтой Гуырдзыстоны европаг тырнынадтыл, цæмæй цас нысаниуæгджын у ацы афæдз Гуырдзыстон-Евроцæдисы ахастытæн, уымæн æмæ Скæсæн Партнерады дæс азы сæр сæххæт уыдзæн.
Гуырдзыстоны президент Йоханнес Ханнæн, оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл уæвæг уæззау гуманитарон уавæры тыххæй деталон информаци бадæтта.
Саломэ Зурабишвили Брюссельмæ визиты фæлгæтты афтæдæр фембæлдтæ саразщдзæн европаг советы президент, Дональд Тускимæ, Еврокамисы президентимæ, Жан-Кълод Юнкеримæ, европарламенты президентимæ, Антонион Тайяниимæ. Гуырдзыстоны президентæддæ фарстатæм гæсгæ фембæлдзæн Европæйы цæдисы иуылбæрзондминæвар, Федерика Моггериниимæ æмæ еврокамисаримæ миграцийы, мидæгон хъуыддæгты æмæ æмбæстагдзинады фарстаты Димитрис Аврамопулосимæ.
Гуырдзыстоны президенты визит Брюссельмæ 23 январы онг аххæсдзæн.