Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Болгарийы президент Румен Радевимæ фембæлд. Уый тыххæй информацийы хъусын кæны Гуырдзыстоны президенты пресс-куыст.
Фембæлды рæстæджы Болгарийы президент Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн æнæфæцудгæ æнцойад ноджы иу хатт сфиксир кодта æмæ банысан кодта, цæмæй зæгъгæ Болгари Гуырдзыстонæн æууæнкаг партнер бæстæ у.
Афтæма фембæлдыл, ныхас аххæссыд Гуырдзыстоны айтынггонд фæстагрæстæгон фæзындтæм æмæ уæвæг тастæм. Фæрстæ афтæдæр фæныхас кодтой дыууæ бæстæйы æхсæн экономикон ахастыты ноджы фæарфдæр кæнын æмæ Сау Денджызы æдасдзинадыл.
Президенты пресс-куысты информацийæ, Гуырдзыстон Болгариимæ иумæ активонæй æмкуыст кæны НАТО-имæ æмæ Евроцæдисимæ ахастытæ фæарфдæр кæныны æрдгæй. Болгарий у Гуырдзыстоны фарсхæцæг евроитеграцийы фæндагыл.
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилийы Украинайы президент Владимир Зеленскиимæ Польшæйы сæйраг сахары, Варашавайы фембæлд, кæцы Гуырдзыстоны президенты Украинамæ фæхуыдта.
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Польшæйы Республикæйы уæвы кусæн визитæй. Визиты фæлгæтты Саломэ Зурабишвили хайад райсдзæн Дыккаг дунеон хæст райдаынæй 80 азы сæрмæ нывонд мадзæлтты. Афтæдæр плангонд сты дыууæфарсон фембæлдтæ Болгарийы, Эстонийы æмæ Словакийы президенттимæ. Президент дзырдæй ралæудзæн равдыст «50 сылгоймаг Гуырдзыстонæй» байгомыл æмæ конференцийыл «Сылгоймæгты роль политикъæйы».