Саломэ Зурабишвили  Азербайджаны  фыццаг леди, Мехрибан АЛиевайæн  гуырæн бон раарфæ кодта
Саломэ Зурабишвили Азербайджаны фыццаг леди, Мехрибан АЛиевайæн гуырæн бон раарфæ кодта

Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили  Азербайджаны  фыццаг леди, Мехрибан АЛиевайæн  гуырæн бон раарфæ кодта.

Гуырдзыстоны  президенты администрацийы  информацийæ,   Гуырдзыстоны президент бузныг загъдта  Азербайджайнаг фарсæн  оккупацигонд  Абхазы  уагъд а.х. президентон æвзæрстытæ бафауыны тыххæй.

«Гуырдзыстоны президент æмæ Азербайджаны вице-президенты  æхсæн тынг  хъарм  ныхас сырæзт, кæцыйы рæстæджы Саломэ Зурабишвили бузныг загъдта  Азербайджайнаг фарсæн   оккупацигонд Абхазы  уагъд а.х. президентон æвзæрстытæ бафауыны тыххæй, Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинадæн фарсхæцыны  æмæ солидарондзинады тыххæй.

Мехрибан Алиева бахахх кодта  Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны  æхсæн  уæвæг  хæлар  ахастытæ æмæ фæндон равдыста  фæнысангонд ахастытæ  ноджы фæарфдæр кæныны тыххæй» – дзырдæуы президенты  администрацийы  ахæлиугонд  хъусинаджы.