Саломэ Зурабишвили Августы хæсты 11-æм азысæрмæ гæсгæ публикаци кæны сидт - Оккупацийæн нæ дзуапп у – Нæй
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили 2008 азы августы хæстæй 11-æм азы сæрмæ гæсгæ публикаци кæны сидт, кæцыйы уын æнхъарæм æнæивгæйæ:
«Абон 11 аз сæххæст Уæрæсе-Гуырдзыстоны хæстæй.
2008 азы хæст гуырдзиаг дзыллæйæн у æнæсхогæнгæ хъæдгом. Хъæдгом у уыцы ныйарджытæн, кæцытæн ацы хæст сæ хъæбулты цард ахаста æмæ уыцы хъæбултæн, кæцытæ ацы хæсты фæстиуæгæн æнæфыдæй хъомыл кæнынц.
Куыд сйæраг камандыгæнæг, куыд мад æмæ ацы бæстæйы иуæй-иу хуымæтæгæ æмбæстаг, мæ сæр гуыбыр кæнын нæ хъайтарты рухс нæмтты раз.
Хæст у хъæдгом уыцы адæймæгтæн, кæцыты туг, зæхх, фыдæлты ингæн, кувæндæттæ баззадысты оккупацигонд территорийыл. Ацы рысты æмæ æрвылбойнон æфхæрдмæ æнæкæсгæ, уыдон æхсарджынæй дарддæр кæнынц дихгæнæг хаххы цур цард. Нæхи æмæ мæхи хæс у уыдонæн сæ фарсмæ лæууын, æмæ сын сæ æдасдзинадыл аудын.
Оккупацийæн нæ дзуапп у – домд цæуынæн нæй!
Мах не æрфидаудзыстæм нæдæр Галы æмæ нæдæр Ахалгорийы гуырдзиæгты барты æфхæрдимæ, нæдæр нæ ирон æмæ абхазаг æмбæстæгты бауынгæгимæ æмæ нæдæр се взаджы æмæ идентондзинад æфхæрынимæ.
Оккупацийæн нæ дзуап афтæдæр у – политикъон æмæ экономикон хъæддыхдзинад, рæзынады фæндæгтæ дарддæр кæнын. Хæст æмæ оккупаци нæ, нæ къурсæй кæй нæ аиуварс кодтон … раст уый мидæг ис сæрмагондæй егъау тых!
Домд не рцæуын нысан кæны ныфс æмæ нысан мафесафын.
2005 азы куыд сфæрæзтам уырыссаг æфсæддон базæты сабырадонæй аддæдуар кæнын Гуырдзыстонæй, уырны мæ, цæмæй раст афтæ бахъом уыдзыстæм оккупацийы кæрон скæнын æмæ ног ахастытæ райдайын. Германийы дæнц нын æвдисы, цæмæй иудадзыг а дунейыл ницы ис, æнæныфс ахаст абырсын кæддæриддæр ис гæнæн.
Хъуамæ бахъом уæм нæ партнерты мобилизаци скæнын, цæмæй конфликтты аскуыддзаг суа, куыд нæхи, афтæ сæ приоритет уыдонæн дæр. Ацы амбицийы æввахс фидæны æз айзæлын кæндзынæн ИНО-ы бæрзонддæр трибунæйæ.
Гуырдзиæгты ныфссастæй нæ зонынц, уый тыххæй нæ хъуамæ уырна, цæмæй æрлæудзæн афон æмæ Уæрæсейы дæр бауырндзæн, цæмæй хæст, оккупаци, паддзахадон арæнты ницæмæ дард, хъуамæ баззайæнт ивгъуыды. Абоны дунейы, цы ран бирæ глобалон тас æмæ быцæусидт нæм æртъхъирæн кæны алкæмæ, стабилондзинад æнæмæнгхъæугæ у! Æнæ æрмæст махæн, куыд чысыл бæстæйæн, фæлæ ма кæцыфæнды бæстæйæн, кæд рæзынады æмæ сæрмагонд адæмы фарныл сагъæс кæнынц уæд.
Мæныл æвæрд у егъау бæрн: ма руадзон уый, кæцы Гуырдзыстоны паддзахаддзинадæн саразæн тас, максималонæй нæхи аиуварс кæнæм провокацитæй. Ацы рæстæджы æнæмæнгхъæугæ у не æфсады иргъæфхъомад райрæзын кæнын, цæмæй хæсты трагеди макуы уал сфæлхатт уа, хъахъъхæд æмбæстаг размæ кæса æмæ хъахъхæд территори стабилон рæзынады бындур дæтта. Нæ фидардзинад никæй ныхмæ у æмæ нæдæр искæмæ æртъхъирæн кæны. Уымæй дарддæр, нæ сабырадон политикъæ у хъæддых æмæ æнæфæцудгæ.
Уæвæг конфликтты сабырадонæй аскуыддзагæн сеппæтæй фидар гарз у нæ иудзинад. Уый тыххæй дæр æз дæн æмæ уыдзынæн сæйраг тохгæнæг æхсæнадон æмуддзинадмæ бахæссынæн.
Гуырдзиаг дзыллæйы разыдзинад куы нæ уа, уæд нæ уыдзæн гæнæн хæстæй травмиргонд æмæ дихгонд ирон æмæ абхазаг фæсивæдимæ бафидауын. Ай та у иунæг фæндаг бæстæйы фæстагмæ сæнæхъæн кæнынæн.
Мах алчи хъуамæ фæтых уæм хæсты фæдыл нæ хъуыдыты. Ивгъуыды фæлтæрд скæнæм фæтыхджындæры бындурæй. Ориентиргонд уæм фидæныл.
Алы цæсгомджын бæстæ æмæ дзыллæ хæсты фарстайы алварс баиу вæййынц. Хæсты фарста ма хъуамæ уа дзыллæйы поляризацийы æмæ ныддих кæныны бындур, фæлæ хъуамæ уа цы ссиу кæндзæн уый.
Уый тыххæй та æнæмæнгхъæугæ у, фæтых уæм фыдзæрдæдзинадыл, сбæрзонддæр кæнæм культурæйы æмвæзад æмæ паддзахадон зонынад.
Æрмæстдæр иудзинад у паддзахады фидæныл æмæ йæ фæстагмæ ссиу кæныны разæууæл»,- дзырдæуы Гуырдызстоны президент, Саломэ Зурабишвилийы сидты.