Саломэ Зурабишвили – Арфæ уын  кæнын Конституцийы бон, æхсæнады алкæцы уæнг, алчи иумæ цæсгомджынæй хъуамæ хъахъхъæнæм æмæ æххæст кæнæм  йæ принциптæ
Саломэ Зурабишвили – Арфæ уын кæнын Конституцийы бон, æхсæнады алкæцы уæнг, алчи иумæ цæсгомджынæй хъуамæ хъахъхъæнæм æмæ æххæст кæнæм йæ принциптæ

Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили  æмбæстæгтæн арфæ кæны  конституцийы  бон.

Саломе  Зурабишвилийы фидиуæнæй,  зæгъгæ  æхсæнады  алкæцы  уæнг  цæсгомджын æмæ   хъæддых  хъуамæ  æххæст кæнæнт конституцийы нысæнттæ æмæ принциптæ.

«Арфæ уын кæнын конституцийы  бон! Растдæр  ацы бон  1995 азы  24 августы Гуырдзыстоны парламент  райста  бæстæйы  сæйраг закон – Гуырдзыстоны конституци, кæцы æнцойæвæрд уыд Гуырдзыстоны 1921 азы  конституцийы историон-барадон  бындарадыл æмæ   гуырдзиаг адæмы  бирæ æнуысон  паддзахаддзинады традицитыл.

Конституци, куыд  националон  æмуддзинады, иудзинады æмæ  рæзынады документ, æнæрмæст  бæстæйы Сæйраг  закъон, кæнæ та  хукымæтæг нормæты æмдзыгуыр у, фæлæ ма нæ бæстæйы æмбæстæгты иугæнæг  документ у.

Мах, нæ æхсæнады  алкæцы уæнг, цæсгомджынæй  æмæ  хъæддых хъуамæ  хъахъхъæнæм  æмæ  лæггад кæнæм  ацы нысæнттæн æмæ принциптæн.

Ацы аз, нæ бæстæйы  фыццаг конституцийы  100 азы  юбилейы банысан кæндзыстæм, кæцы  абон дæр  йæ  аргъдзинæдтæй иуæй-иу сеппæтæй   прогрессон конституцийыл нымад цæуы  æмæ  хицæн кæны  нырыкконы  сæйраг закъонты  æхсæн дæр», – фыссы Саломэ Зурабишвили.