Саломэ Зурабишвили - Ангела Меркел æрымысыд, оккупацион хаххы цур куы уыд æмæ куыд уæззау зæрдæйæ рацыд уырдгæй
Афон æрцыд, нæ партнертæй фылдæр æркурæм æмæ уыдон спайда кæной цы мæцъистæ сæм ис уыдонæй – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили, Германийы канцлер Ангела Меркелимæ фембæлды фæстæ райхъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Германийы канцлерæн зæгъгæ, загъта цæмæй Гуырдзыстоны ныгуылæйнаг партнертæ хъуамæ бандавой Уæрæсемæ, цæмæй ацы фæстаг йæ позицитæ фæива.
«Æркастыстæм оккупацигонд Гуырдзыстоны территоритыл уæвæг уавæр æмæ уырыссаг политикъæ. ЙÆхæдæг æрымысыд цæмæй уыдис оккупацион хаххы цур æмæ уырдгæй тынг уæззау зæрдæйæ рацыд. Æз ын загхтон, цæмæй махмæ, ацы уавæрæй рацæуынæн хъæугæ инструменттæ нæй æмæ баст стæм нæ хæлæрттыл, кæцытæ нын нæ фарс хæцынц, цæмæй сæхæдæг исты амæлттæй бандавой Уæрæсемæ, æмæ Уæрæсе йæ позицитæ фæива» – банысан кодта Саломэ Зурабишвили.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, абоны уавæрæй, Женевæйы æхсæнадæмон бадзырдты формат техникъон æмвæзады онг æрцыд.
«Махæн Женевæ æнæивгæ у, уымæн æмæ æндæр æхсæнадæмон формат нæм нæй, фæлæ афон æрцыд, нæ партнертæй фылдæр æркурæм æмæ уыдон спайда кæнæт цы мæцъистæ сæм ис уыдонæй. Мах аразæм цы нæ бон у уый, фæлæ нæ хъæуы фылдæр» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.