Саломэ Зурабишвили – америкаг  партнерты ныхмæ  зылынгæнæнтæй  тас  æвзæрын кæнынц стратегион партнерадæн, кæцыйыл бындурæвæрд у  нæ  хъахъхъæнынады  тыхты  фæтынг
Саломэ Зурабишвили – америкаг партнерты ныхмæ зылынгæнæнтæй тас æвзæрын кæнынц стратегион партнерадæн, кæцыйыл бындурæвæрд у нæ хъахъхъæнынады тыхты фæтынг

Америкаг  партнерты ныхмæ дзырд  зылынгæнæнтæй  тас  æвзæрын кæнынц  нæ  стратегион партнерадæн, кæцы  бындурæвæрд у нæ хъахъхъæнынады  тыхты фæтынг кæныныл æмæ НАТО-ы  стандарттæм скæнын, –  уый фæдыл Гуырдзыстоны  президент Саломэ Зурабишвили  фыссы социалон хызагы.

Саломэ Зурабишвили дзуапп кæны   АИШ-ы  хъаъхъæнынады  департаменты  абоны публикацигонд фидиуæнæн, кæцымæ гæсг  дæр  АИШ-Гуырдзыстоны дыууæфарсон аахыстытæ æппæтылæххæссæг   æркасты  фæлгæтты,  æбæрæг æмгъуыдмæ  ахæцыд  бирæнацион ахуыртæ   «Аккаг Партнеры»  Гуырдзыстоны  ауадзын.

Президент куыд банысан кодта  афтæмæй, лæмæгъ æмæ изолиргонд Гуырдзыстонæн  æвзæрын кæнынц бирæ  стырдæр азар.

«Европæйы фæндаг азары раз  слæууын кодтой  уырыссаг закъон райсынæй, америкаг  партнерты  æфхæрынæй æмæ сæ ныхмæ  зæгъгæ  мæнг зылынгæнæнтæй (дыккаг фронт  æмæ фæфæлдæхт)  фæстиуæгæн ныр  тас  æвзæрын кæнынц   нæ  стратегион партнерадæн, кæцыйылл бындурæвæрд у  нæ хъахъъæыннады  тыхты  фæтынг кæнын æмæ НАТО-йы стандарттæм  фæхæццæ кæнын. уый  хонынц  Гуырдзыстоны  интерестæй… ацы рæстæджы  лæмæгъ æмæ изолиргонд  Гуырдзыстонæн æвзæрын кæнынц  бирæ стырдæр азар», – фыссы  Саломэ Зурабишвили.